Æрхонкæйаг кадетты ардбахæрд

0
57

Дзæуджыхъæуы гарнизоны Афицерты хæдзары цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уым æвзонг кадетты ардбахæрд райстой Æрхонкæйы 1-æм ас-
тæуккаг скъолайы «Росгварди»-йы профилон къласы ахуырдзаутæ.

Æрхонкæйаг кадетты къласæн æрæджы лæвæрд æрцыд, «Росгварди»-йы æдзард афицер Игорь Бондаревы (уый фæмард, йæ службæ æххæст кæнгæйæ) ном.

Ныр та «гвардионты» профилон 6-æм къласы ахуырдзауты фæхуыдтой Афицерты хæдзармæ. Уым сын кадджын уавæры сарæзтой ардбахæрд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы зæрдылдарæн æмбырдмæ, скъоладзаутæй уæлдай, саккаг кодтой сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ, «Росгварди» æмæ æндæр тыхы ведомствæты службæгæнджытæ, æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ.

Æмбырды райдайæны айзæлыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимнтæ.

Уый фæстæ æвзонг æрхонкæйæгтæ ард бахордтой, Фыдыбæстæйыл иузæрдион æмæ æнувыд кæй уыдзысты, хистæр фæлтæрты хæстон кад кæй хъахъхъæндзысты, сæ кæстæртæн та цæвиттойнаг кæй уыдзысты, уымæй…

«Росгварди»-йы Æнæведомствæйон хъахъхъæнынады цæгатирыстойнаг управленийы хицау, пъæлицæйы булкъон Белыккаты Аслан кадеттæн арфæ ракодта æмæ бафиппайдта, æрхонкæйаг фæсивæдæй фидæны Фыдыбæстæйы аккаг граждæнтæ æмæ хъахъхъæнджытæ кæй рауайдзæн, ууыл йæ зæрдæ кæй дары, уый. Управленийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, кадетон къласы рауагъдонтæн фидæны æххуыс уыдзæн, «Росгварди»-йы профилон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынвæнд куы скæной, уæд.

Игорь Бондаревимæ сæ иумæйаг службæйы тыххæй мысинæгтимæ раныхас кодта пъæлицæйы булкъон Бокоты Алан. Игоры идæдз Ольгæ та Æрхонкæйы 1-æм скъолайы коллектив æмæ «Росгварди»-йы регионалон управленийы ра-
замындæн бузныг загъта, æдзард афицеры ном кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй.

Æппæт арфæйы раныхæсты фæстæ æмбырд сæ аивадæй барæсугъд кодтой «Росгварди»-йы æфсæдты Цæгаткавказаг зылды кæфтытæ æмæ зарджыты ансамблы артисттæ.

 

«Росгварди»-йы
Цæгат Ирыстоны
управленийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here