РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджыты æмбырд. Уым ныхас рауад амалхъомады къабазы дарддæры райрæзтыл, республикæйы инвестицион хъомыс ахадгæдæр кæныныл.
Дзанайы-фырт æмбырды райдайæны куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй амалхъомады къабазы райрæзтæн хорз ахъаз сты куыд федералон, афтæ регионалон финансон æххуысы мадзæлттæ дæр: æфстæуттæ, субсидитæ, гранттæ æмæ афтæ дарддæр. Ахæм фæрæзтæй спайда кæныны фадат, Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ уа æппæт амалхъомадон компанитæн, алкæцы амалхъомæн дæр. Уæлдайдæр та, хи чысыл куыстуат байгом кæныны фæндон кæмæ ис, уыдонæн.
Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй хицаудзинады оргæнтæ æмæ райрæзты структурæты архайды ахсджиагдæр нысантæй иу у бизнесы куыстуæттæ æмæ хицæн амалхъомты ахадгæ куыстæн зæрдæзæгъгæ фадæттæ аразын, регионы инвестицион хъаруйыл æфтауын.
Æппæт уыцы нысантыл афæдзы дæргъы цы куыст цыд, уый тыххæй доклад скодта экономикон рæзты министр Сокаты Марат.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, амалхъомады рæзтыл аудæг структурæтæ æппæтвæрсыг куыст кæнынц. Зæгъæм, æрмæст республикон центр «Мæ бизнес» афæдзы райдайæнæй нырмæ амалхъомады субъекттæн бакодта 10 мин алыхуызон лæггадæй фылдæр. Уыцы лæггæдтæй пайдагæнджытæн сæ фылдæр хай уыдысты чысыл куыстуæтты минæвæрттæ æмæ хицæн амалхъомтæ. Равдыстытæ æмæ презентациты регионалон фонд сарæзта, бынæттон товар-уадзджыты продукци уæрæх æвдыст кæм æрцыд, ахæм форумтæ. Экспортæн æххуысы центр та архайы цæгатирыстойнаг продукцимæ фæсарæйнаг базаргæнджыты æргом раздахыныл. Æмæ уыцы архайдæн ис бæлвырд хатдзæгтæ – ныридæгæн уал фæсарæйнаг компаниты минæвæрттимæ бафыстæуыд 8 егъау базарадон бадзырды.
Министр куыд радзырдта, афтæмæй, уымæй уæлдай, УФ-йы Экономикон рæзты министрадимæ цы бадзырд фидаргонд æрцыд, уый фæрцы республикæ амалхъомады райрæзты мадзæлттæн уæлæмхасæн райста 18 милуан сомы бæрц. Уыцы федералон æххуыс дæр афойнадыл фæхæццæ чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæм.
Профилон ведомствæты иннæ минæвæртты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бацамыдта, цæмæй бæстон хыгъд æрцæуой афæдзы куысты бæрæггæнæнтæ: æххуысы мадзæлттæ куыд сахадыдтой бизнес-компаниты архайдыл, цас фæзынд ног кусæн бынæттæ, сырæзтысты æви нæ сæ хъалонтæ æмæ афтæ дарддæр. Ахæм хатдзæгтæ саразгæйæ, дарддæр фидаргонд цæудзысты амалхъомады къабазы субъекттæн паддзахадон æххуысы пълантæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














