Мæнæ ма нæ барадмæ цæстдарджытæ милицæйы куы куыстой, раст уæд райдыдта йæ фæллойадон архайд Дудиаты Аланæн. Уæд æрыгæттæ уыдысты Анискины тыххæй кинонывы уацары, бирæтæ уæд равзæстой мидхъуыддæгты оргæнты куыст. Ныртæккæ Дудиайы-фырт у Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады пъæлицæйы дæлбулкъон, Участокты æххæстбарджынты æмæ Æнахъомты хъуыддæгты хайады разамонæг.
Милицæйы кусгæйæ Дудиаты Алан йæхицæй дæр домаг уыд, йæ æрдзон æр-
хъуыдыдзинад æй хуыдта цард хуыздæр базонынмæ. Участочы æххæстбарджынмæ адæм хиуоны цæстæй кæсынц, цавæрфæнды зын рæстæг дæр сæ цуры æрбалæудзæн, тыхстаг фарста алыг кæндзæн. Афтæ уыд Дудиаты Аланмæ дæр йæ участочы цæрджыты ахаст.
Ныр мидхъуыддæгты оргæнты службæ кæны 20 азы, афтæ зæгъæн ис, æмæ къæпхæнгай фæцыд йæ службæйы, йе ‘ппæт сусæгдзинæдтæ дæр ын базыдта. Йæ фæндаг райдыдта участочы æххæстбарджынæй, зындзинæдтæ ницæмæ дардта, сæ сæрты уæндонæй хызт, хъуыста хистæр службæгæнджытæм, сæ фæлтæрддзинадæй сын пайда кодта. Фæндыд æй барады фæтк фидардæр кæнын, ууыл уыд йæ архайд, районы цæрджыты æдасдзинадмæ кæддæриддæр уыд къæрцхъус.
Йæ хъару, йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинæдтæ Дудиаты Алан хардз кæны фыдгæнджытимæ тохыл. Мидхъуыддæгты оргæнты разамынд бафиппайдтой Дудиайы-фырты ахаст, хорзæхгонд æрцыд Арфæйы гæххæттытæй, Кады грамотæтæй, йæ службæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд майданæй. Кæмфæнды ма куса Дудиаты Алан, алы ран дæр йæ фæстæ уадзы хорз, арфæйаг фæд.
Алы ран дæр ын ис кад, Мызуры поселочы райдыдта йæ дæсныйады фæндаг æмæ ма йæ абон дæр æрымысынц цæрджытæ. Йæ бæрнондзинад æвдисы алы хъуыддаджы дæр, пъæлицæйы участковый уа, уæд иттæг хорз зоны, æхсæнадон фæтк куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый. Æмбары, рагагъоммæйы куысты ахадын-
дзинад, мæнæ фыдракæнд æрцыд æмæ уæд февнал, уый йæм бынтон раст нæ кæсы…, Æрыгæттимæ, фæтк фехалынæй тæссаг кæмæй у, уыдонимæ рагацау бакусы, уæд дзы фæтк дæр рабæрæг уыдзæн æмæ барад дæр.
Пъæлицæйы дæлбулкъон суæвгæйæ, Дудиаты Аланмæ фæзындысты дæсны-
йады хъæугæ æууæлтæ, уайтагъд февналы уавæр банывыл кæнынмæ, раст æмæ ахадгæ уынаффæтæ рахæссынмæ, куысты сæйрагдæр рахæцæнтæ сбæлвырд кæнынмæ, службæйы ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Цы хъæппæристæ рахæссы, уыдон вæййынц раст æмæ барст.
Йæ фæлтæрддзинадæй кæддæриддæр æрыгæтты хайджын кæны, йæхæдæг дæр фыд у, æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ кæстæртæ зоной æмæ æххæст кæной фыдæлтыккон традицитæ, æгъдæуттæ, царды сæйрагдæр хæзнатæм уой къæрцхъус. Уæдæ кæстæрты уарзондзинад Фыдыбæстæмæ нымайы сæйрагдæр рахацæныл. Дудиаты Алан афтæ фæзæгъы: «Нæ дæсныйад у æппæты ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр. Фæткмæ цæстдарджытæ кæддæриддæр нæ бæстæйы алы горæтты æмæ хъæуты хъуыдысты æмæ хъæуынц. Пъæлицæйы службæйы æрыгæттæм ис хæрзтæ дæр».
Ныртæккæ рæзгæ фæлтæр дызæрдыг кæнынц, ома, цæуон кæнæ ма цæуон пъæлицæмæ, фæлæ Дудиаты Аланмæ гæсгæ хъæуы бафæлварын, чи зоны, уыцы къахдзæф суыдзæн æппæты ахсджиагдæр уæ царды! Участочы æххæстбарджыны бæрæгбон æрæджы сбæрæг кодтам, уыдон сты пъæлицæйы службæйы бындур, сæ бæрнондзинад у æгæрон, сæ ахстбынат – бæлвырд. Барадхъахъхъæнджыты ‘хсæн уыдон фыццагдæр сæмбæлынц знаггадимæ, карз ахастимæ, фыдракæндтимæ. Адæммæ уыдонæй хæстæгдæр ничи ис æмæ йæ сæхæдæг дæр æмбарынц. Фæдисы хуызы цæрджытæ уыдонмæ фæдзурынц…
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор














