Цæцæны Республикæйы сæйраг горæт Грознайы спортивон хъæбысхæсты дыууæ хуызæй 9-12 январы цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæдон кары уæвæг богæлтты ’хсæн.
Уæгъдибар хъæбысхæстæй, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы нæлгоймæгты ерысты Ирыстоны богæлттæн бантыст æртæ хæрзиуæджы рамбулын.
Иттæг хорз рауад тренер Олисаты Дзамболаты хъомылгæнинаг Гæбуты Сосланы архайд, уæззау уæзы (125 кг) хæцгæйæ. Сослан фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд Дагестаны минæвар Усман Тупалиевимæ. Сæ ныхмæлæуды Гæбуты Сослан фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр 15:5 хыгъдæй æмæ бацахста 1-аг бынат.
Фыццаг бынат бацахсынмæ хæстæг уыд тренер Наниты Зурабы хъомылгæнинаг Санахъоты Родион дæр. Уый 97 кг онг уæзы хæцгæйæ фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны 1-аг бынат рамбулыныл фембæлд дагестайнаг богал Исагаджи Бахуловимæ. Сæ хъазуатон фембæлды 12-8 хыгъдæй фæуæлахиз Исагаджи Бахулов, фæлæ Санахъоты Родионы архайд дæр уыди раппæлыны аккаг. Родион суанг фæстаг сикъунды онг тырныдта рамбулынмæ æмæ уымæ хæстæг бæргæ уыди, фæлæ 4 баллы кæмæн фæдæттынц, йæ уыцы æппæрст нымад нал æрцыд, æмæ Родион æрлæууыд 2-аг бынатыл.
74 кг онг уæзы фондз ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз тренер Мзокты Аланы хъомылгæнинаг Исмаил Элесханов дæр, фæлæ ерысты æрдæгкæронбæттæны кæй фæкъуылымпы, уый йын фадат нал ратта 3-аг бынатæй уæлдæр схизынæн æмæ хорзæхджын сси бронзæ майданæй.
Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй уыцы бонты Грознайы Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богæлттæ. Ирыстойнаг богæлттæн сæ къухы бафтыд иу сыгъзæрин æмæ иу бронзæ майданы рамбулын. Уæрæсейы сгуыхт тренер Гаглойты Вахтанджы хъомылгæнинаг Цæллагты Алихан 80 кг онг уæзы фæуæлахиз йæ цыппар ныхмæлæу-
уæгыл æмæ бацахста 1-аг бынат.
3-аг бынатмæ рацыд Къæбысты Аланы хъомылгæнинаг Быценты Чермен 71 кг онг уæзы хæцгæйæ.
Æрыгон æмæ фæсивæдон кары уæвæг богæлттæ ма Грознайы ерысты архайдзысты ацы къуырийы кæронмæ. Знон æмæ абон уæгъдибар хъæбысхæс-
тæй бæрæггонд æрцæудзысты 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богæлттæ.
15-16 январы Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кæндзысты, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы лæппутæ.
Алы кары дæр 1-5 бынæттæ бацахсæг богæлттæн бар уыдзæн Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты арха-
йынæн.
Баскаты Уырызмæг














