Фæндæгтæ аразынмæ бавнæлдтой

0
41

Национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы руаджы ацы аз Цæгат Ирыстоны адарддæр кæндзыс-ты фæндаггон объектты арæзтад. Уыдоны фæрцы
республикæйы райрæзт зынгæ фæхуыздæр уыдзæн.

Объектты ‘хсæн æппæты ахадгæдæр уыдзæн Архонскæйы станицæйы фæрс-ты регионалон трассæ «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2»-йыл цæуæг фæндаджы арæзтад. Куыстытæм бавнæлдтой  «Ирафтрансстрой»-ы специалисттæ. Фæндаджы уæрх 2-аг техникон къордмæ гæсгæ уыдзæн 17,62 метры, йæ дæргъ – 7,2 километры. Фæндаг уыдзæн цыппар тæлмæй арæзт (алырдæм дæр – дыууæ тæлмы) дихгæнæг цæлхдуртимæ. Джызæлдоны сæрты хид дæр дзы арæзт æрцæудзæн, йæ дæргъ – 92,28 погонон метры. Куыстытæ фæуы-дзысты 2028 азы.

«Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2»-йы фæндагыл ацы аз Фæндаггон хæдзарады комитеты зæрды ис дыууæ объекты рацаразын. Æрыдонæй Дигорайы ‘хсæн фæндагыл (40,8 километрæй 49,8 километры онг) арæх æрцæуынц фæндаггон фыдбылызтæ. Уавæр банывыл кæныны охыл дзы фæзындзæн цыппар тæлмимæ фæндаджы хай. Лескены доны сæрты хид дæр бавзардзæн рацарæзт. Ныртæккæ дзы цы хид ис, уый арæзт æрцыд 60 азы размæ, нырыккон техникон домæнтæн дзуапп нал дæтты.

Мæздæджы районы Терчы доны сæрты хидмæ дæр бавналдзысты, у рацаразинаг. Сарæзтой йæ ивгъуыд æнусы 50-йæм азты, ныртæккæ тæссаг уавæры ис. Аразыны размæ уал дзы Павлодольский æмæ Раздольноейы ‘хсæн сараздзысты доны сæрты рæстæгмæйы хид. Уымæй фæндаг фæдаргъдæр уыдзæн, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Бæлццæттæ æмæ фæндагыл цæуджытæй Фæндаггон хæдзарады комитет куры уавæр бамбарын æмæ ныббыхсын.

Мæздæджы районы 2025 азы кæронмæ ахæццæ регионалон фæндаг «Кавказ-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæг»-ыл æнцойгæнæн къултæ амайыны дыккаг къæпхæн. Лæсæнтæй тæссаг бынæттæ сарæзтæ-уыд æнцойгæнæн къулты 580 метры. Ацы аз фæндагыл адарддæр кæндзыс-ты хъахъхъæнæн скондты амайыны æртыккаг къæпхæн.

Æппæт нысантæн фæрæзтæ лæвæрд цæуынц 2026 азы бюджетæй, куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты 2028 азы.

 

РЦИ-Аланийы
Фæндаггон хæдзарады комитеты пресс-службæ

8

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here