Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Хъараты Тимур ацы аз фыццаг хатт фембæлд бахатæг æм адæмимæ.
Министрмæ æдæппæт æрбафтыд дыууæ курдиаты. Курдиатбарвитæг адæймæгтæй иу – Дзæу-джыхъæуы Темыраты æфсымæрты уынджы цæрæг сылгоймаг – хъаст кодта уарыны доны нукимæ баст фарстайæ: уымæл кæнын чи райдыдта, цæрæнуаты уыцы къулыл фæзынд хъуына. Бынатмæ æрбацæуæг «Жилнадзор»-ы кусджытæ æмæ уынаффæйадон компанийы минæвæрттæ сæвзæрæг уавæр сбæлвырд кодтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй, уарыны дон иуварс уагъд кæй не ’рцыд, уый аххосæй цæрæнуаты къулыл фæзынд хъуына. Рæхджы бюджетон кусæндон «Домоуправление»-йы кусджытæ сæвзæрæг фарста алыг кæндзысты.
Дыккаг курдиат баст уыд хъармæй æфсисадимæ. Горæты Марковы уынджы æрбынæттонуæвæг бирæфатерон хæдзæрттæй иуы æнæцæрæн агъуыст хъармгонд кæй нæ цæуы, нæлгоймаг уымæй хъаст кодта. «Агъуыст электрон пецæй хъарм кæнын кæй бахъæуы, уый тыххæй стыр коммуналон хæрдзтæ бакæнын», – загъта хъастгæнæг адæймаг.
Тæвдæй ифтонгады фæтк æмбæлгæ уагæй æххæстгонд цæуы æви нæ, фарста алыг кæнынæн унитарон куыстуат «Водоканал»-ы специалисттæн уый сбæлвырд кæнын æмæ тæвдæй ифтонгады тыххæй фиддонты бæрц ногæй банымайын бахæс кодтой.
РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон
хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы
министрады пресс-службæ














