Инженерон хызты, фæндæгты цалцæг

0
35

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгийы разамындæй уыд коммуналон-инженерон хызты цалцæджы
фæстæ фæндæгты куыс-тытæ бакæныны фæдыл ведомствæты ‘хсæн æмгуыстады фарстатимæ баст æмбырд.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады, Фæндаггон хæдзарады комитеты, бынæттон хиуынаффæйады разамынды минæвæрттæн Атары-фырт радзырдта цалцæггонд коммуналон хызты фæстæ фæндæгты уавæры тыххæй. Уый æрхаста, республикæйы цæрджытæ цы хъæстытæ æрвитынц, фæсцалцæг фæндаггон фæзтæ базилинаг кæй сты, уый тыххæй.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг куыд бафиппайдта, афтæмæй цалцæджы фæстæ коммуналон службæтæ республикæйы уынгтæ, сæрмагондæй
Дзæуджыхъæуы, асфальтæй афойнадыл нæ сæхгæнынц, кæнæ та асфальт бынтон хæрзхъæд нæ  вæййы. «Уæд дзы уайтагъд фæзынынц дзыхъхъытæ, фæндаджы уæлцъар фехæлы», – загъта Атарты Георги.

Уымæй уæлдай, Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг районы разамонджыты размæ сæвæрдта, цыбыр æмгъуыдмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадимæ фæндаггон куыстыты график саразын. Уыцы график хъуамæ дзуапп дæтта Фæндаггон хæдзарады комитеты нысантæн. Цалцæджы куыстытæн хъуамæ уа хæрдзты документтæ, уыдæттæм, æнæмæнг, бынæттон разамынд сæ хъус дарой.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here