Хæрзвадат æмæ æдас, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм фæндæгтæ аразын, цæмæй фæндаггон фыдбылызты нымæц къаддæр кæна, бæлццæттæ æнæфыдбылызæй хæццæ кæной бынатмæ – ахæм стыр нысан æвæрд ис национ проект «Инфраструктура – цардæн»-ы размæ.
Нæ республикæйы фæндагаразджытæ æппæт мадзæлттæ дæр аразынц, цæмæй Ирыстоны фæндæгтæ дзуапп дæттой æппæт ацы домæнтæн дæр. Тыхджын доны раивылд, миты зæйтæ, дурты згъæлдæй æмæ æндæр фыдбылызтæй бахъахъхъæнынæн хохаг æмæ быдираг фæндæгтæн кæнынц фидар уромæн къултæ.
Æнæнхъæлæджы уавæрты бахаугæйæ, ныхмæ цæуæг транспортæй машинæтæ бахъахъхъæнынæн, фæндаджы кæронмæ, кæнæ хидæй иуварс ма рацæуынæн стыр ахъаз сты астæуты æвæрд дихгæнæн гæрæнтæ. Республикæйы цалдæр фæндагыл ацы аз æвæрд æрцæудзысты ахæм фидар уромæнтæ.
Ирыстоны сæйраг регионалон фæндагыл нымад у «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2». Дыууæ раны, Нартыхъæумæ фæзилæнмæ хæстæг, æдас-дзинады фарстатæ æххæст кæнгæйæ, фæндагаразджытæ сæвæрдзысты 2,164 километры фидар уромæнтæ, цæмæй машинæты æмæ бæлццæтты цыд фæндаджы ацы хайыл уа æмбæлгæ уагыл.
Регионалон фæндаг «Кавказ-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæг» дæр сфидар кæндзысты ахæм уромæн гæрæнтæй дæс уаццаджы, æдæппæтæй 6,3 километры. Æнæмæнг сыл уыдзæнис рухсдæттæн фæрæзтæ, цæмæй шофырмæ æхсæвыгон хуыздæр зыной фæндаджы арæнтæ, æмæ фæндаггон фыдбылызты нымæц къаддæр кæна.
Автомобилон фæндаг «Архонкæ-Дзуарыхъæу»-æн ис муниципалон нысаниуæг. Горæтгæрон æмæ Алагиры районтæ кæрæдзиуыл чи бæтты, ахæм æппæты цыбырдæр фæндаг у. Тæссагдæр кæм у, ахæм æртæ бынаты сæвæрдзысты фидар уромæнтæ, иумæйагæй 0,8 километры. Ныфс ис, ацы фæрæз кæй баххуыс уыдзæн фæндæгтыл æдасæй цæуынæн, иннæ регионалон фæндæгтимæ, уыимæ федералон трассæ «Дзæуджыхъæу-Алагир»-имæ бастдзинад уыдзæн æнцонвадатдæр.
Федералон программæ «Регионалон æмæ бынæттон фæндæгты тыгъдад», национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы бындурыл республикæйы æртæ фæндаджы æппæты тæссагдæр бынæтты æвæрд æрцæу-дзæн 9,3 километры бæрц фидар уромæн гæрæнтæ.
Гугкаты Жанна














