Ацы азæй фæстæмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы цæгатирыстойнаг архайджытæн дæтдзысты бæстæйы Социалон фонды реабилитацийы центртæм хи дзæбæх кæнынмæ цæуыны бардæттæг иумæйаг («проездной») билеттæ.
Социалон фонды реабилитацийы центртæм æмæ фæстæмæ цæуыны бардæттæг иумæйаг билеттæ дæтдзысты транспорты æппæт хуызтæн (поезд, хæдтулгæ, хæдтæхæг, автобус, кæнæ донон транспорт нымайгæйæ). Дзæбæхкæнынады фæдыл курдиатæн разыйы дзуапп райсынимæ уыцы-иу рæстæг иумæйаг билет дæр сараздзысты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæгæн уыдзæн бар равзарын, цы хуызы йын ратдзысты фæдагга-джы аргъ, уый: компенсацийæ æви иумæйаг билеты хуызы. Фæндаггаджы бафысты ног хуызæй спайда кæнæн уыдзæн ацы азæй фæстæмæ æрвыст курдиæттæм гæсгæ. Адæймагмæ ис балцæг райсыны фæдыл курдиат Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады цыфæнды клиентон службæйы, кæнæ портал «Госуслуги»-йы фæрцы барвитыны бар.
Ноджыдæр ма иу ногдзинад бар дары сахъатдзинады фыццаг къордимæ сæрмагонд операцийы архайджытæн: фæндаггаджы, цæрынад æмæ хойраджы аргъ кæмæн бафидынц, ацы азæй фæстæмæ амынд адæймæгтæм ис реабилитацион центртæм хи дзæбæх кæнынмæ ахæм æмдзугæнджытимæ æрбацæуыны бар. Медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæкæсинаг чи у, æмдзугæнджытимæ
цæуыны бар ис ахæм ветерантæм.
– Дзæбæхкæнынады æппæт заман – документтæ æмбырд кæнын райдайынæй хæдзармæ æрбаздæхты онг – Социалон фонды республикон хайад сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй алкæмæ дæр цæст дары. Реабилитацион центртæм барвитыны рæстæг нымад цæуынц ветераны æнæниздзинады уавæры тыххæй медицинон-социалон бæрæггæнæнтæ. Амæй размæ иртасынад чи нæ ацыд æмæ инвалид чи нæу, уыцы ветеранæн реабилитацион центры баххæст кæнынц диагностикæ æмæ йын хицæнæй дзæбæхкæнынады фæтк бацамонынц. Уæрæсейы Хъæбатыры ном кæмæ ис, кæнæ фыццаг къорды æнæкуыстхъом чи у, сæрмагонд æфсæддон операцийы ахæм архайджытæм ис Социалон фонды реабилитацион центртæм дзæбæх кæнынмæ æнæ радæй сæ арвитыны бар, – зæгъы Социалон фонды цæгатирыс-тойнаг хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.
Нырыккон вазыгджын кусæнгæрзтæй ифтонггонд чи у, демобилизацигонд цæгатирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæм ис дзæбæхкæнынад Социалон фонды реабилитацийы 12 ахæм центры ацæуыны бар. Ацы центртæ æрбынæттон сты Астрæхæны, Мæскуы-йы, Владимиры, Саратовы, Кировы, Волгограды, Тюмены, Кемеровойы, Томс-кы æмæ Омскы облæстты, стæй Краснодары край æмæ
Республикæ Хакасийы.
Санаторон-курортон дзæбæхкæнынады дæргъвæтиндзинад у 21 боны онг, медицинон реабилитацийы æмгъуыд алы адæймагæн дæр хицæнæй сбæлвырд кæнынц. Адæймагмæ ис санаторон-курортон дзæбæхкæнынад афæдзы дæргъы иунæг хатт ацæуыны бар, медицинон реабилитаци цал хатты баххæст кæндзыс-ты, уый та бæлвырдгонд æрцæудзæн медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ.
Баззайæг фарстыты фæдыл 8-800-100-00-01 телефонæй лæвар фæдзурæн ис Уæрæсейы Социалон фонды Иугонд контакт-центрмæ.
Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны та – 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ














