Æрæджы Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн Кремлы уыд хъуыддаджы фембæлд Мæскуыйы Стыр æмæ Бетъырбухы Мариинаг театрты аивадон разамонæг Гергиты Валериимæ.
Фембæлды рæстæг ныхас цы хъуыддæгтыл цыд, уыдонæй иу уыд культурæйы кусæндæтты райрæзты фарста. Президенты ныхасмæ гæсгæ, Стыр æмæ Мариинаг театрты æмгуыстад культурæйы райрæзтæн ахъаз кæны.
Ныхас цыд оперæ «Турандот»-ы премьерæйыл дæр. «Дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы ацы оперæ федтон, артистты интервьюмæ дæр бакастæн», – загъта Владимир Путин.
Гергийы-фырты ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр дыууæ азы дæргъы спектакль нырæй арæхдæр æвдисыны фадат цæмæй уа, уый тыххæй Турандоты парти æххæст кæндзысты æхсæз адæймаджы. Фæсивæдмæ стыр æргом кæй здахынц, Валери уый нымайы иттæг ахсджиаг хъуыддагыл.
Паддзахады разамонæг Гергийы-фыртæн бафæдзæхста дирижер Юрий Темыркановы ном сæнусон кæныны хъуыддагыл ахъуыды кæнын, йе сфæлдыстадон бынтæ
рохуаты куыд нæ баззайой, афтæ. Гергиты Валери зæрдæ бавæрдта Президенты курдиат æнæмæнг баххæст кæнынæй.
Нæ уацхæссæг














