Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй регионы Кадртæ цæттæгæнæн институты бындурыл сæрмагонд æфсæддон операцийы 25 архайæджы ахуыр кæнын райдыдтой прог-
раммæ «Æфсæддон-патриотон хъомылад»-мæ гæсгæ.
Лæппутæн ахуырады райдайæны баххуыс кæнынмæ æрбацыд сæрмагонд операцийы архайæг, æфсæддон-патриотон хъомылады центр «Вершина»-йы директор Иван Бондюков. Программæ æххæст кæныны хъуыддаджы архайдзæн Рухсады паддзахадон университет. Ахуырад райсыны фæстæ программæйы æппæт архайджытæ кусын райдайдзысты нæ республикæйы ахуыргæнæндæтты.
Райдайæн проекты архайынц 10 скъола æмæ 15 астæуккаг профессион ахуыргæнæндоны. Программæйы архайджытæ разамынд дæтдзысты патриотон клубтæн, араздзысты алыхуызон дзыллон мадзæлттæ, стæй цæст дардзысты Хæстон намысы музейтæм.
– Ног ахуыры азы райдайæнæй фæстæмæ программæ къæпхæнгай фæуæрæх кæндзыстæм. Ацы æвæджиауы проектæн Уæрæсейы æмбал нæй. Проекты фæрцы, иуырдыгæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куыст дæттæм, æххуыс сын кæнæм, иннæрдыгæй та, патриотизмы æнкъарæнтæ рæзгæ фæлтæрмæ цæмæй æвзæрой, уымæн ахъаз кæнæм, – загъта республикæйы разамонæг.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














