Кавказаг инвестицион форумы официалон сайты мыхуыргонд æрцыд дунеон равдысты хъуыддаджы программæ. 2026 азы форумæн мадзæлтты номхыгъды сæ бынат ссардтой Цæгат Кавказы дарддæры социалон-экономикон райрæзты проекттæ æмæ программæтæ.
Форум цæттæгæнæг комитеты журналисттæн куыд радзырдтой, афтæмæй пленарон æмбырдтæй уæлдай, равдысты архайджытæн сараздзысты тематикон сесситæ, семинартæ, цæлхæмбырдтæ, презентацитæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ. Уыдоны архайджытæ – хицаудзинады, федералон æмæ регионалон оргæнты разамонджытæ æмæ иннæ специалисттæ, амалхъомадон æмæ промышленнон компаниты минæвæрттæ, Сау æмæ Хъаспы денджызты алыварс бæстæтæй уазджытæ – бæстон æрныхас кæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионты дарддæры экономикон æмæ инвестицион райрæзтыл, рæгъмæ рахæсдзысты цымыдисагдæр инновацион проекттæ, бафысдзысты æмгуыстады бадзырдтæ…
«Азæй-азмæ Кавказаг инвестицион форум фадæттæ аразы Цæгат Кавказы федералон зылды регионты экономикон æмæ инвестицион хъомыс раргом кæнынæн. Фидæны форумы программæты бæстон хыгъд æрцыдысты экономикæйы абоны уавæр, хæстæгдæр фидæны райрæзты нысантæ, регионтæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты æнгомдæр æмархайды гæнæнтæ. Ныфс мæ ис, радон форумы архайджыты фембæлдтытæ пайдайаг кæй уы-
дзысты, хъомысджындæр æмгуыстадæн бындур кæй æрæвæрдзысты, уымæй», – дунеон равдыстмæ цæттæдзинадæн хорз аргъ скæнгæйæ, бафиппайдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак.
Форумы программæйыл бæлвырддæр дзургæйæ, фæбæрæг кæнын хъæуы ахæм тематикон сесситæ: инвестицитæ æмæ финанстæ, промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон комплексты райрæзт, туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы инфраструктурæйы рæзт, амалхъомад æмæ инновацион проекттæ царды уадзын… Уымæй уæлдай, равдысты фæзуæтты бынат уыдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды транспортон æмæ энергетикон инфраструктурæйы цымыдисаг проекттæн, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæ æмæ иннæ къабæзты райрæзты программæтæн дæр.
«Форумы программæйы мадзæлтты кæронбæттæны номхыгъд фидар кæнгæйæ, фыццаградон æргом здæхт цыд паддзахады, амалхъомады къабаз æмæ экспертон æмæхсæнады дарддæры æмархайдæн зæрдæзæгъгæ фадæттæ саразыныл. Фыццаг дыууæ форумы бæрæггæнæнтæ æвзæр нæ рауадысты. Зæгъæм, уæд сæ архайджытæ бафыстой æмгуыстады 230 бадзырдæй фылдæр (сæ иумæйаг аргъ – 460 миллиард сомæй фылдæр). Уыцы бадзырдтæ баст сты бæлвырд проекттимæ: цæрæнуæттæ æмæ фысымуæтты, туристон æмæ логистикон центрты, гидроэнергетикæ æмæ экономикæйы иннæ къабæзты ахсджиаг инфраструктурон объектты арæзтадимæ», – радзырдта Уæрæсейы Президенты уынаффæгæнæг Кавказаг инвестицион форумы цæттæгæнæг комитеты бæрнон нымæрдар Антон Кобяков.
Кавказаг инвестицион форум фæстаг рæстæг сси, Цæгат Кавказы федералон зылды регионты дарддæры райрæзтыл бæстон ныхас кæм рауайы, вазыгджын инвестицион проекттæ æххæст кæныны фæтк рæгъмæ кæм рахæссынц, ахæм ахадгæ фæз-
уат. Дунеон равдыст арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ, фадæттæ йын аразынц УФ-йы Хицауад, фонд «Росконгресс», Уæрæсейы Экономион рæзты министрад æмæ Стъараполы крайы Хицауад.
Ацы хатт форум йæ куыст кæндзæн 28-30 апрелы равдыстыты дунеон центр «Минводы ЭКСПО»-йы.
КАЛМАНТЫ Аслан














