Цæгат Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ сæхи цæттæ кæнынц сæрдыгон фæллойадон семестрмæ. Ацы аз студентты куыстадон къордты уæнгтæ суы-
дзысты 500 лæппу æмæ чызгæй фылдæр.
Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, цæгатирыстойнаг фæсивæд кусдзысты атомон станцæйы арæзтады Северскы (Томскы облæсты), куыстуæттæ «Норильскникельремонт» æмæ «ДТК-Ямал»-ы (Красноярскы крайы), федералон компани «Гранд Сервис Экспресс»-ы поездты проводниктæй, сывæллæтты æппæтуæрæсеон центртæ «Орленок» æмæ «Смена»-йы (Краснодары крайы), стæй санаторитæ «Ирыстон» æмæ «Тæмискъ»-ы къордты раздзогтæй. Уымæй уæлдай, студенттæн практикон ахуыртæ уыдзæн республикæйы арæзтадон фæзуæтты дæр.
Фæсивæд фæллойадон архайдмæ тырнындзинад кæй æвдисы, уыцы æууæлæн хорз аргъ скæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фæбæрæг кодта: «Студенттæн сæрдыгон фæллойадон семестр æрмæст рæстæгмæ куыст нæ уыдзæн. Уый фæрцы фæсивæдæн уыдзæн фыццаг куыстадон фæлтæрддзинад райсыны, командон архайды сусæгдзинæдтæ базоныны, йæ фæллойадон хъомыс раргом кæныны фадат. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахадгæ уыдзæн фæсивæды бавæрæн райгуырæн республикæ æмæ иннæ регионты дарддæры райрæзтмæ дæр. Студентты куыстадон къордтæ схонæн ис æрыгæтты царды скъола. Ныфс мæ ис, ацы фæллойадон семестр дæр бирæ фæсивæдæн ног зонындзинæдтæ æмæ пайдайаг фæлтæрддзинад кæй ратдзæн, уымæй».
Дмитрий АСТАХОВ














