Гайдай æмæ æфсæддон кæмиссар

0
53

Хæст у æппæты стырдæр бæллæх, куыд иунæг адæймаджы, афтæ æнæхъæн паддзахады царды дæр. Уый ахæм рæстæг у, адæймаджы æппæты тынгдæр куы фæхъæуы æмбæлттæ. Партнертæ æмæ цæдисонтæ нæ, уымæн æмæ уыдон æххуыс кæнынц æхцайыл, стæй æххуысмæ æрбацæуынц, уæлахиздзау куы сбæрæг вæййы, уæд. Æмбал та æххуысмæ фæтагъд кæндзæн, йæхицæн ницы агургæйæ.

Абон бирæтæй ферох, стæй йыл историйы чингуыты дæр нæ фыссынц, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Монголи кæй уыд, Советон Цæдисæн официалон æгъдауæй йæ фарс чи рахæцыд æмæ йæм йе ‘ххуысы къух чи ‘рбадардта, уыцы фыццаг паддзахад. Цы егъау æххуыс бакодта, уый тыххæй хицæн æрмæджы зæгъдзыстæм, фæлæ ныр æрхæсдзыстæм æрмæстдæр иу факт. Советон Цæдис Монголийæн бафыста æхца æрмæстдæр 437 189 бæхыл, уыимæ сæ балхæдта паддзахадон аргъæй. Уæлæмхасæн та ма 20000 бæхы Монголийы цæрджытæ Советон Цæдисæн раттой лæвар! Уый стыр æххуыс уыд, уымæн æмæ хæсты азты 8 милуан сæрæй фылдæр фæмард бæхтæ. Фронты тынг кæй хъуыдысты, уый дæр историйæ зонæм.

Леонид Гайдай 1942 азы службæ кодта Монголийы, фронтæн дзы бæхтæ ахуыр кодта. Иухатт æфсæддон хаймæ ‘рбацыд æфсæддон кæмиссар хæцæг æфсады рæнхъытæм бархионты ныффыссыны тыххæй.

Афицеры фарстæн: «Артиллеримæ – чи?» – Гайдай дзуапп ратта: «Æз!»

«Бæхджын æфсадмæ – чи?» – Гайдай: «Æз!»

«Флотмæ?» – «Æз!»

«Сгарджытæм?» – «Æз!»

«Фæлæуу-ма ды, Гайдай! – фæхъæр кодта æфсæддон кæмиссар. – Бауадз ма мæ хыгъд æнæхъæнæй бакæсын!» Фæстæдæр режиссер уыцы цау бавæрдта йæ киноныв «Операция «Ы» и другие приключения Шурика»-йы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here