Куырттаты комы Хидыхъусы хъæуы цардысты Къарджиаты фаззæттæ Макъар æмæ
Хъуыдæберд. Сауойы фырттæ цардысты сæхи чъиухиды фæллойæ æмæ кодтой зæхх æмæ фосы куыстытæ.
Куыд хохы цæрæг адæм, афтæ-иу уыдон дæр баххуырстой зæхх быдыры хъæуты: Джызæлы, Къардоны, Хуымæллæджы, Хъæдгæроны алы уалдзæг дæр.
1906 азы та Хидыхъусы цæрджытимæ баххуырстой зæхх Куырттаты хъæуы Хъараты уæтæры уæле æмæ дзы байтыдтой нартхор.
Фæззæджы райдыдтой нартхор тонын, мусонг сарæзтой, æхсæв-иу кæм хуыссыдаиккой, ахæм бынат. Иу бон Къарджиаты фаззæттæ ацыдысты уæрдонæй Дзæуджы-хъæуы сахармæ, цæмæй балхæной, сæ бинонты зымæджы дæргъы цы хъæудзæн, уыдæттæ: дзуллаг ссад, сæкæр, сапон, цæхх, фæтæген, спичкæтæ, хъуымац æмæ æндæртæ. Уыцы аз бинонтæ уыдысты нымæцæй 34 адæймаджы – фондз æфсымæры æд бинонтæ, сæ мад æмæ сæ хистæр æфсымæр Саукуыдзы фырт Гадзбе æд бинонтæ. Уыдон Дзæуджыхъæуы хæдзары хъæугæ товартæ куы балхæдтой, уæд сæ уæрдоны бафснайдтой æмæ араст сты хъæумæ. Рагæй сæ фæдыл чи зылдис, æнхъæлмæ сæм чи касти, уæдæ сæм бирæ æхца-мулк ис, æмæ сын сæ байсæм, зæгъгæ, суанг Дзæуджыхъæуæй хъæугæронмæ, уыдон фæндаджы алыварс æрхъула сты.
Фæллад фаззæттæ æнафоны куы ‘рхæццæ сты, уæд сæ уæрдон иннæ уæрдæтты рæнхъы сæвæрдтой, галтæ та уæрдæтты мидæгæй иннæ галтимæ уæрдæттыл бабастой æмæ схуыссыдысты мусонджы иннæ нартхортонæг æмбæлттимæ. Ам афынæй сты фæлладæй. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ, фос æмæ товартæм сæ зæрдæ кæй æхсайдта, давынæй тæрсгæйæ, уымæ гæсгæ фаззæттæй сæ иу – Макъар фестади æмæ се ’ппæтыл дæр азылди. Галтæ уыдысты сæ бынаты, фæлæ хæмпæлæй сыбар-сыбур цыдис, æмæ хъахъхъæнын байдыдта мæйдары æмæ федта иу сау æндæрг хæстæгæй-хæстæгдæргæнгæ. Уый йæ фенхъæлдта сырд, уыцы заман та уым нæ, фæлæ алы ран дæр сырд уыдис арæх. Макъар дамбацайæ фæхъавыд, æмæ йæ куы ‘ркъæпп кодта, уæд фат сæмбæлдис лæгыл, æмæ йæ хъæр фæцыдис.
Дамбацайы хъæр æмæ лæджы хъæрмæ, мусонгыл чи æрхъула, уыдон уыциу калд бакодтой, афтæмæй хæст стынг ис, хъамайæ хæст мæйдар æхсæв боны хуызæн, æмæ Макъар йе ’фсымæр Хъуыдæберд-мæ ныхъхъæр ласта:
– Гъæйтт ме ’фсымæр, тагъд æддæмæ! Хæст стынг ис – тохы бон ныл скодта.
Мусонджы цы адæм хуыссыдис, уыцы нартхортонджытæ иууылдæр фæйнæрдæм фæлыгъдысты, сау мæйдар æхсæв чи кæдæм хæццæ кодта, уырдæм: чи – Джызæлмæ, чи – Къардонмæ, чи – Хъæдгæронмæ, чи – Дзуарыхъæумæ æмæ æндæр рæттæм. Баззадис ма дзы æрмæстдæр Гусаты Хъауырбег, уæрдоны бын хуыссыди æмæ уырдыгæй хъахъхъæдта (ома, хæст куыд цæуы, уымæ нæ кастис, мыййаг, фæлæ мæт кодта, куыд алидза, ууыл).
Мард чи фæцис, сырды æфсон, уый уыдис мæхъхъæлон лæг æмæ цыдис мусонгмæ, цæмæй аргæвда хъамайæ, уым цы мæгуыр кусæг адæм хуыссыдис фæлладæй, уыдоны, æмæ уæд æнцад-æнцойæ фос куыд атæра æмæ товартæ куыд аласа, афтæ. Фæлæ дзы уый нæ рауадис. Фаззæттæ загътой, худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр, зæгъгæ, æмæ хæцын байдыдтой. Хæцын байдыдтой фæтæнком хъаматæй. Мæйдар æхсæв, боны хуызæн, кæуыл-иу фæхæст сты, уымæн-иу йæ къабаз ратыдтой, кæнæ та-иу ын йæ бæрзæй фездыхтой.
Афтæмæй дзы фараст амардтой æмæ сæ кæрæдзиуыл самадтой мардæй, æгасæй.
Макъар йæ сæрæн куы нæуал уыдис, уæд йæ фæтæнком хъама, æхсырфы хуызæн чи ныкъкъæдз ис, уый æрсагъта мардыл, йæхæдæг дæр сыл æрбадтис æмæ йе ’фсымæр Хъуыдæбердмæ дзуры:
– Ме ’фсымæр, мæ туг мын ма ныууадз æнæ райсгæ, æз мæ сæрæн нал дæн, æмæ мæ сабитæ дæр фæуæнт де уазæг.
Уæд æм йæ фаззон Хъуыдæберд дæр дзуры:
– Ау, æмæ ма уæд мæ туг та чи райсдзæн, æз дæр куы нæуал дæн мæ сæрæн?
Макъар æм уæд бадзырдта:
– Уæдæ мæм уæд дæ къух æрбадæтт, æмæ кæрæдзийæн фæндараст зæгъæм æгасæй.
Гуыбыр бадгæйæ йæм æрбырыдис Хъуыдæберд йæ уарзон æфсымæр Макъармæ. Кæрæдзийы къухтыл куыд фæхæст сты, афтæ хъæрæй загътой:
– Уæдæ нын чи фехъусын кæндзæнис нæ зæронд мад Демыронмæ æмæ нæ хистæр æфсымæр Саукуыдзмæ, нæ туг райстам, нæхицæн та – фæлдисыны гæрзтæ, зæгъгæ.
Уыдон æнхъæл уыдысты, æмæ сæ цуры ничиуал баззад иу змæлæг дæр, фæлæ Гусаты гыццыл Хъауырбег сæ уæлхъус алæууыд æмæ сæм дзуры:
– Ай, хъæбатыр фæйнæгфарс фаззæттæ, тæрсгæ ма кæнут, æз уæ уæлхъус дæн æмæ фехъусын кæндзынæн.
Афтæмæй боны æрбарухсмæ алы хъæутæй æмбырд кæнын байдыдтой фæдисонтæ, бæхтыл æд гæрзтæ, уыдон банымадтой кæрæдзиуыл амад мæрдтæй фараст, æртæйы та дзы аластой уæззау цæфтæй, фæлæ фæндагыл амардысты. Бирæ минæвæрттæ фервыстой хъулгъа Къарджиаты Саукуыдзмæ, фаззæттæн сæ хистæр æфсымæрмæ, нæ хотыхтæ нын раттут, зæгъгæ, хотыхтæ та уыдысты, фаззæттæ кæй байстой, уыцы хæцæнгæрзтæ. Саукуыдз сын дзуапп ратта, зæгъгæ, хотыхтæ чи агуры, уыдонæн, сæ мыггæгтæ æмæ сæ нæмттæ кæмæй сты, уый мын бацамонут, æз хъуамæ зонон мæ туджджынты, фæлæ сæ уыдон нæ хъæр кодтой, афтæмæй агуырдтой хотыхтæ. Фаззæтты хистæр æфсымæр разыйы дзуапп нæ ратта.
Уæд иу æхсæв бацыдысты хъулгъайы фæсивæд Куырттаты коммæ æмæ гæрах кæнын байдыдтой фаззæтты хæдзар, фæлæ дзы зиан не ’рцыдис. Топпы гæрæхтæм уайтагъд фæфæдис сты Куырттаты комы гуыппырса фæсивæд æмæ хъулгъайы нал рауагътой лидзын Куырттаты комыл, фæлæ алыгъдыс-ты Хъобангомыл, æндæр сæ ныццагътаиккой Цымыти, Хидыхъус, Хæрисджын æмæ иннæ хъæуты фæсивæд. Нæ сæ ауагътаиккой Дæргъæвсы комыл дæр æвыдæй, фæлæ сæ хæрзгæнджытæ уыдысты Дæллагхъæуы. 1924 азы Дзæуджыхъæуы сахары стыр ахæстоны бадтис ацы сау хæсты архайджытæй иу мæхъхъæлон егъау бæрзонд æнæцонг лæг. Уый йæхæдæг дзырдта, зæгъгæ, дам, ма уыдыстæм фондз æфсымæры, æмæ нæ нæ фыд ахуыр кодта бæхыл бадын, топпæй æхсын, хъамайæ хæцын æмæ давын. Кæцæй нæ тардтам æмæ нæ давтам: Кæсæгæй, Ирæй, Мæхъхъæлæй, Цæцæнæй, кæм нæ фестæм стыр хæстыты, фæлæ, дам, дзы афтæ хæцгæ æмæ афтæ тыхджын адæмыл мах никуы сæмбæлдыстæм. Мæнæ мын мæ цонг уыдон алыг кодтой, зæгъгæ, дзырдта уый йæхæдæг. Махæй, дам, уыцы дыууæ æфсымæримæ хæцгæйæ, фæхъуыдис дыууадæс æмбалы – амардтой сæ.
Ацы хæсты хабæрттæ бæлвырдæй радзырдта, уæрдоны бын чи бадтис, уыцы гыццыл Гусаты Хъауырбег.
КЪАРДЖИАТЫ Угъалыхъ, ЦИГСИИ-йы архив














