Дзæуджыхъæуы администрацийы проекттæ аразджытæ, архитектортæ æмæ горæты цæрджыты активистты къорды минæвæрттæ цы æмбырды архайдтой, уым ныхас цыдис Фæскомцæдисонты парчы рацарæзтыл.
Администрацийы культурæйы управленийы хицау Мæрзойты Руслан куыд загъта, афтæмæй горæты цæрджыты фæндтæ æмæ хъуыдытæ зæрдыл даргæйæ, парчы хуыз уыдзæн, 1950 азты куыд уыдис, ахæм.
– Нæ сæйраг нысан у, паркæн йæ историон фæлгонц раздахын нырыккон домæнтæ æххæстгæнгæйæ, – загъта Мæрзойы-фырт.
Проектмæ гæсгæ, къахвæндæгтæ советон цардарæзты куыд уыдысты, афтæ рацараздзысты, сывæллæттæн та – хъазæн æмæ спортивон фæзтæ, гигиенæйы æхсæнадон хатæнтæ, фæзындзæн дзы экокъахвæндаг, сæвæрдзысты парчы флорæ æмæ фаунæйы тыххæй информацион стендтæ. Фæндæгтæ æмæ фæзтæ цалцæггонд æрцæудзысты, цæмæй хæстæгдæр рæстæг адæмæн тезгъо кæныны фадат уа. Рацарæзты фыццаг хай афæдзы размæ ахицæн – парчы центрон аллей сцалцæг кодтой. Ацы аз дарддæр куыстытæ аххæсдзысты. Рацарæзты куыстытæн æхцайы фæрæзтæ æрвыст цæуы горæты бюджетæй.
Горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй проект рахæсдзысты æхсæнады размæ, цæмæй Фæскомцæдисонты парк горæты суа фæлладуагъды хуыздæр бынæттæй иу.
Саутæты Тамилæ














