Æрыдоны районы Мичурины хъæу, Нартыхъæу æмæ Фыййагдоны скъолаты арæзт лагерты сæ фæллад чи уадзы, районы мидхъуыддæгты хайады автоинспекцийы дæлхайады хицау, пъæлицæйы майор Æлборты Эрикы фæндонæй барадхъахъхъæнджытæ уыцы сывæллæтты бабæрæг кодтой.
Фистæг, стæй, хæдтулгæйы бæлццон уæвыны заман фыдбылызæй хи бахизынæн фæндагыл цыды фæтк æмæ æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын куыд æмбæлы, пъæлицæйы кусджытæ скъола-дзауты зæрдыл уый ноджыдæр ма иу хатт æрлæууын кодтой. 14 азæй кæстæр велосипед скъæрджытæм иумæйаг пайдакæнынады фæндæгтæм цæуыны бар кæй нæй, барадхъахъхъæнджытæ фæсивæдæн уый бамбарын кодтой.
Фембæлды кæрон пъæлицæйы кусджытæ лагерты фæлладуадзæг скъоладзаутæн балæвар кодтой спортивон ифтонггæрзтæ: пуртитæ, бадминтонæй, стæй стъолыл хъæзтытæн дзаумæттæ æмæ æндæртæ. Сывæллæттæ лæвæрттыл бацин кодтой æмæ хæрзаудæндзинад равдисæг уазджытæн бузныг загътой. Барадхъахъхъæнджытæ æмæ фæлладуадзæг фæсивæд фембæлдæй райгонд уыдысты.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады паддзахадон автоинспекци














