Нæ бæстæйы хæдбардзинады, æдасдинады сæраппонд та нæ бахъуыд хæцæнгарз райсыны сæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы уæлахизы сæраппонд бирæ ирон нæлгоймæгтæ раттой сæ цард, бирæтæ дзы систы дунейыл хъуыстгонд хъæбатыртæ. Сæ фарсмæ æрлæууыдысты чызджытæ дæр æмæ сæ бавæрæн хæссынц иумæйаг уæлахизмæ. Уыдонæй иу у медицинон службæйы хицау, хистæр лейтенант, исæн хайады радгæс дохтыр Хуыгаты Оксанæ.
Мæ размæ бады æрыгон аив сылгоймаг æмæ мын дзуры йæ хæстон фæндæгтæ. Йæ цæсгом куы фенкъард, куы фæрайдзаст вæййы. Уымæн æмæ сыл хæсты быдыры скæны æхсызгон бонтæ дæр, зæгъæм, уæззау цæф хæстоны куы фервæзын кæнынц, уæд. Фæлæ, хъыгагæн, фылдæр вæййынц зындзинæдтæ æмæ маст. Хъусын æм, æмæ мæ цæстытыл уайынц, нæ сабибонты-иу нын, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, хæствæллад хистæртæ сæ хæстон хабæрттæ куыд дзырдтой, уый. Нæ бæстæ хъахъхъæнджытæй сæрыстыр уыдыстæм.
Оксанæйæн йæ фыдæлтæ Хуссар Ирыстоны Цъоны хъæуы цардысты. Фæстæдæр ралыгъдыс-ты Цхинвалмæ. Уым чызг скъола каст фæци æвзист майданимæ æмæ бацыд ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ, стæй – интернатурæмæ æмæ сæ хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци. Райста цармы низтæ дзæбæх кæныны дæсныйад.
Фæлæ Хуыгаты чызгæн рагæй дæр йæ зæрдæ æфсæддон службæмæ æхсайдта æмæ, кусын дæр нæма райдыдта, афтæмæй, æнæдызæрдыгæй, йæ дæсныйад сбаста æфсæддон медицинон службæимæ. Ныр нудæс азы зæрдиагæй æххæст кæны йæ размæ æвæрд хæстæ. Уæд уый æнхъæл чи уыди, æмæ та абоны фæлтæры дæр хæцæнгарз райсыны сæр бахъæудзæн.
Фыццагдæр уал хæсты арт Сирийы ныггуыпп кодта. Уым не ‘фсæддонты хъуыди медицинон æххуыс. Уайтагъд æфсæддон дохтыртæн паспорттæ ацарæзтой, æмæ уал 2019 азы фыццагдæр арвыстой Оксанæйы. Иунæг ирон сылгоймаг кæйдæр зæххыл – хæсты тымыгъы. Куыд зæгъы, афтæмæй-иу æм арæх æрбахаудтой ирон лæппутæ, стæй гуырдзиæгтæ, æмæ-иу ын йæ мыггаг куы базыдтой, уæд-иу сæ цинæн кæрон нал уыд.
Дзæвгар рæстæг уым службæ хаста, уыйфæстæ райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци. Хуыгаты чызгæн йæ зæрдæ æхсайдта йæ бинонтæм, йе ‘фсæддон æмбæлттæм. Уæдмæ Сирийы уавæр фæсабырдæр, æмæ йæ бафæндыд йе ‘ххуысы хай сæрмагонд æфсæддон операцимæ бахæссын. Йæ командир æй нæ уагъта, ныр та дæ Украинæмæ æрвитдзысты, зæгъгæ, фæлæ уымæн уырдæм ацæуыны тыххæй йæ фæнд конд уыди. Ирыстоны бирæ нæ афæстиат, уайтагъд фæдисы ацыд Мелитопольмæ æмæ абоны онг дæр уым госпитæлы кусы. Цы цæфты æрбаласынц, уыдоны æрвитынц, кæй кæдæм хъæуы, уырдæм. Иу минут сын аулæфыны фадат дæр никуы фæвæййы.
Уым цы диссæгтæ фены, уыдоны фæстæ цардæн фылдæр аргъ кæнын базыдта Хуыгаты Оксанæ. Кæд цæф, сахъат лæппутыл йæ зæрдæ риссы, йæ цæссыг нæ фæуромы, уæддæр сæ разы йæхи хъæлдзæг фæдары, æдзух сын ныфсытæ æвæры. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы зæрдæ кæмæй барухс уа, ахæм цаутæ дæр арæх разыны. Зæгъæм, адæймагæн нæмыг йæ зæрдæйы тæккæ фæрсты ахызт, кæнæ йыл цалдæр нæмыджы сæмбæлд, фæлæ удæгасæй аирвæзт. Ахæм цаутыл дохтыртæ дæр рынчынтæй къаддæр нæ фæцин кæнынц.
Æз æй куы бафарстон, йæхæдæг нæ паддзахады политикæйы тыххæй цы хъуыды кæны, уæд йæ ныхас уыд: «Уæлæнгайæ дзурын æнцон у, фæлæ истори зонын хъæуы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы фашистты хъузон Степан Бандерайы ‘фсад немыцимæ иумæ цы фыдбæллæхтæ фæкодтой, советон адæмы æвирхъа-уæй куыд цагътой, уый дзы бирæтæн батади. Уый нæ, фæлæ ма сын уыйфæстæ Уæрæсе йæ регионтæй цалдæр балæвар кодта æмæ сæ нæргæ республикæ, фæстæдæр та паддзахад сарæзта. Фæлæ та сæ уыцы хорздзинæдтæ ферох сты. Ныгуылæны ардыдæй та Бандерайы фæдонтæ сæ сæртыл схæцыдысты. Нал сæ хъуыд Уæрæсе, сæ ных Евроцæдисмæ сарæзтой. Ныгуылæн Украинæйæн ныфс æвæрдта Евроцæдисмæ райсынæй æмæ йын йæ къухæй архайы Уæрæсейы ныппырх кæныныл. Сæ территорийыл сын Уæрæсейы арæнтæм хæстæгæй-хæстæгдæр цыдысты, сæ хæстон ахуыртæ нын нæ фындзы бын кæнын райдыдтой. Бирæ æнæраст хъуыддæгтæ кæны ныр дæр Украинæ».
Диссаг у, æвæдза. Хорз дæсныйадимæ сабыр царды кусын æмæ цæрын, дæ кæстæрты рæвдауыны бæсты равзар, мæлæт дæм алы минут гæппæввонгæй кæм лæууы, фæллад суадзыны бар дын кæм нæй, ахæм куыст. Фæлæ, Хуыгаты чызг куыд зæгъы, афтæмæй нæ бæстæ ахæм тыхст уавæры куы уа, уæд хæдзары бадын йæ сæрмæ никуы ‘рхæсдзæн. «Æз мæ амонд куы ссардтон, уæдмæ дæр уыдтæн æфсæддон дохтыр. Мæ бинонтæ йæ зыдтой, цавæр куыст у, уый. Бæргæ мын æнæ мæ сывæллæттæ зын у, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Не ‘фсæддон хай ам, Цæгат Ирыстоны ис, æмæ æртæ мæйы ам службæ кæнын, æртæ мæйы — уым. Чызг хистæр у, равзæрста мын мæ дæсныйад, ахуыр кæны нæхи медицинон академийы. Лæппу кæстæр у, скъоламæ ма цæуы, æмæ чызг йæ хъус дары йе ‘фсымæрмæ дæр. Цалынмæ хæст фæуа, уæдмæ мæнæн хæдзары бадæн нæй. Æз хъуамæ уон, мæ сæр кæм бахъæуа, уым».
Нæ фыдæлтæм бирæ уыди, историйы сæ ном кæмæн баззад, ахæм хъæбатыр чызджытæ, фæлæ абон дæр къаддæр не сты, йæ сæр æмæ йæ бинонтæй патриотизм уæлдæр чи ‘вæры, ахæмтæ. Уыдонæй иу у Хуыгаты Оксанæ. Æмæ йын нæ бæстæ æмæ республикæйы разамынд йæ удуæлдай архайдæн аргъ кæнынц. Хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй, «За спасение погибающих», «За доблесть», «За храбрость», «За боевые отличия», «За службу на Кавказе», «Участнику военной операции в Сирии», «Участнику специальной военной операции» æмæ æндæртæй. Фæлæ Оксанæ уæлдай сæрыстыр у, Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг майдан «Ирыстоны намысæн»-æй кæй схорзæхджын кодтой, уымæй. Ахæм чызджытæ кад æмæ ном кæнынц Ирыстонæн, æмæ сæ мах сæрыстыр хъуамæ уæм.
Джусойты Нинæ














