Хъысмæтмæ æндæр фæндтæ уыдис…

0
12

Æртæ азы размæ Тарскæйы цæрæг Хуыгаты бинонтыл сæмбæлд фыдохы уац – сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ райдайæнæй чи архайдта, уыцы уарзон фырт æмæ цардæмбал, узæлаг фыд, цардбæллон Аслан хъæбатырæй фæмард… Бæстæ баталынг хъиамæтджын мад Полинæйыл, хуымæтæджы нæ хоста йæ зæрдæ къултыл йæхи цалдæр боны, æмæ ныр сбæрæг йæ аххосаг. Аслан, йæ адджын хъæбул, хъæбатырæй фæмард Запорожьейы фронты, Васильевский рубеж кæй хонынц, уым…

Стыр кад æмæ радимæ бавæрдтой гвардийы сержант Хуыгаты Асланы йæ райгуырæн, цæрынæй кæм нæ бафсæст, уыцы Тарскæйы хъæуы. Зæхх нæ урæдта, хъайтарæн фæстаг фæндараст зæгъынмæ чи ‘рбацыд, уыцы дзыллæйы. Цас зонгæтæ йын уыд, цас хорз хъуыддæгтæ саразын ын бантыст йæ цыбыр царды! Уæдæй нырмæ æртæ азы рацыд, фæлæ нæ дзæбæх кæны мады зæрдæйы дудгæ стыр хъæдгом, нæ хус кæнынц йæ цæсты бынтæ.

Хуыгаты Зелимхан æмæ Полинæ сæ царды рагуалдзæджы сæхи амондджын хуыдтой, дыууæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы хъомыл кодтой, Аслан æмæ Аланы дæр сæ дзæбæх миниуджытæй фæхайджын кодтой, æгъдау, æфсарм уыди сæ туджы, сыхы алы хъуыддаджы дæр – кæстæриуæггæнджытæ.

Фидæнмæ рæсугъд пълæнттæ арæзтой бинонтæ, фæлæ сæ сæххæст кæнын сæхицæй аразгæ нæ рауад, хъысмæтмæ уыдис æндæр фæндтæ. Бæргæ, Хуыгаты бинонты хорздзинадæн куы уыдаикккой…

Ссæдз азæй фылдæр рацыд, Зелимхан уæззау рынчыны фæстæ йе ‘цæг дунемæ куы ацыд, уæдæй. Полинæйæн уыцы цæф дæр фаг уыди, фæлæ йын йæ лæппутæ йæ ныфс сæттын нæ бауагътой. Аслан хистæр уыд, æмæ ныр нæлгоймаджы хæстæ фылдæр уымæ кастысты. Хæдзары куыстыты стырдæр хай йæхимæ райста. Бынæттон скъола каст фæуыны фæстæ фæсаууонмæ ахуыр кодта Аграрон университеты механизацийы факультеты. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта пъæлицæйы хайады. Рацыд цалдæр азы, æмæ Аслан сфæнд кодта йæ дарддæры цард æфсадимæ сбæттын, афтæмæй контракт бафыста æмæ службæ кæнын райдыдта æфсæддон хайы сæрмагонд хæстæ æххæстгæнæн дæлхайады.

2008 азы, Гуырдзыйы æрдонгтæ Хуссар Ирыстонмæ куы ‘рбалæбурдтой, уæд 58 æфсады фыццæгты рæнхъыты Хуыгаты сахъ лæппу архайдта, фæстæдæр фондзбонон кæй схуыдтой, уыцы хæсты. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд хæрзиуæгæй. Дарддæр дæр Аслан службæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы цыппæрæм базæйы.

Ирон лæг фыдæй-фыртмæ хæстон уыдис, æвдисæнтæ агурын нæ хъæуы – ивгъуыд хæстыты Ирыстоны фырттæ цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдон æппæт дунейыл хъуыстгонд сты, сæ кой зарджытæ æмæ кадджыты баззад. Æмæ та лæгæвзарæн рæстæг куы ралæууыд, сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд нæ фæсивæд фыццаг рæнхъыты агуылф кодта украинаг неонацистты ныхмæ тохы быдырмæ. Уыдоны рæнхъы уыд Хуыгаты Аслан дæр – гвардийы сержант, 19-æм мотоæхсæн дивизийы взводы командæгæнæджы хæдивæг. Тарскæйаг лæппу йæхи равдыста æхсарджын, лæгдзинадæй æххæст командирæй. Мæлæтæй алчидæр тæрсы, фæлæ йе ‘мбæлтты фæстæ йæхи не ‘мбæхста, уый нæ, фæлæ сæ хъахъхъæдта, йæ хæстон фæлтæрддзинады руаджы йæ бон уыдис уæззау уавæрæй фæндаг ссарын, раст æй аскъуыддзаг кæнын.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, уый тыххæй Асланæн йæ фыццаг хæрзиуæг – майдан «За отвагу» Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд 2022 азы 5 мартъийы. Аслан йæ сгарджыты къордимæ бæрæг кодта артиллеристты маршрут æмæ раргом кодта знаджы блокпост æд æмбæхст техникæ. Неонацисттимæ карз тохы бацæугæйæ, йе ‘мбæлттимæ ныппырх кодта техникæ, знæгтæй ничи аирвæзт, фæлæ йæхæдæг дæр уæззау цæф фæци – йæ галиу цонджы знаджы судзгæ нæмыг бацыд. Госпитæлмæ йæ арвыстой, æмæ, цалынмæ фæдзæбæх, уæдмæ йæ йæ бинонтæн не схъæр кодта. Хæдзармæ дзырдта, уæ зæрдæ мæм ма ‘хсайæд, дзæбæх дæн, зæгъгæ.

Полинæ мын, йæ цæссыгтæ ныхъуыргæйæ, дзырдта:

– Уæд ын дохтыртæ йæ цонг лыг кæнынмæ хъавыдысты, æмæ афтæ куы рауадаид, уæд, чи зоны, удæгасæй уæддæр баззадаид… Йæхиуыл чысыл куы фæхæцыд, уæд та фæстæмæ тохы цæхæрмæ фæраст. Йе ‘мбæлттæ мын куыд дзырдтой, афтæмæй фатты схъистæ йæ буарæй йæхæдæг цъæппæгæй сæфтыдта. Алкæмæн дæр йæ сывæллон адджын у, фæлæ, Аслан цыма зонгæ кодта, Хуыцау ын бирæ цæрæнбон нæ ратта… Йæ гыццылæй фæстæмæ дæр тынг фæлмæнзæрдæ уыди. Никуы мын смаст кодта, йæ фыд куы амард, уæд мæ фыццаг удлæууæн уыди, архайдта, цæмæй нæ бинонтæ мацы хъуаг æййафой. Дæхион ратт, фæлæ искæмæй ма райс – афтæ хъомыл кодтон мæ лæппуты. Аслан райгуырд 1982 азы ноябры æмæ йæ гуырæнбон дæр никæд сбæрæг кодта.

Куы-иу ссыд нæхимæ хæстæй къорд боны æмгъуыдмæ, уæд-иу хæдзармæ æрбацæуыны размæ алкæддæр бацыд Скæсæн уæлмæрдмæ. Уым цы лæппутæ ныгæд ис, уыдоныл-иу æрзылд, бирæты дзы лæгæй-лæгмæ зыдта. Фæстаг хатт ма куы ссыд, уæд Комгæроны Æмгæртты дзуары бын фыс акусарт кодта, загъта, Уæлахизимæ куы ссæуæм, уæд æй æндæр хуызы сбæрæг кæндзынæн, зæгъгæ, – æрхæндæг хъæлæсæй мын дзырдта зæрдæрыст мад.

Цы загъдæуа хъысмæтæн, Асланæн йæ ныхас сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтыд – хъæбатырæй фæмард 2023 азы 19 ноябры. Йæ амæлæты фæстæ Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады орденæй…

Æртæ азы рацыд, хъайтар йæ сыджыты хайыл куы сæмбæлд, уæдæй нырмæ, фæлæ Полинæ йæ сау сæрбæттæн нæма систа. Йæ зæрдæйæ йæ уарзон лæппуйы рухс сурæт иу уысм дæр нæ цух кæны, æрхæндæгдзинад ыл пъæззыйау ныббадт, йæ уд ын хæры. Хуыцау ын цы рæстæг саккаг кодта, уый дарддæр цæры йæ уарзон хъæбулы хъæбултæ Батрадз, Давид æмæ Азæмæты цæрайæ. Хуыздæр ран нæй Асланы цардæмбал уæздан, хæрзæгъдау Элеонорæ, Полинæйы уарзон чындз. Гаджиты чызг цардагур æрбакъахдзæф кодта Хуыгаты хæдзармæ, æртæ хъæбулы сын рантыст Асланимæ. Ныр хæрз æрыгонæй сидзæргæсæй баззад…

Рæстæг, дам, хъæдгæмттæ дзæбæх кæны… Æртæ азы рацыд, фæлæ нæ фæрогдæр Полинæйы зæрдæйы маст, кæд хъысмæты цæфы ныхмæ йæхи хъæддых дары, уæддæр. Йæ фæлмæнтæдзураг лæппуйы а зæххыл кæй нал фендзæн, уыцы хъуыды йæ уæгъд нæ уадзы. Фæлæ цы кæна. Быхсы.. Ирыстоны Полинæйы хъысмæты хал бирæ мадæлтæ бахордтой…

Хуыгаты Асланы хæдзарыл дыууæ азы размæ конд æрцыд номарæн къæй, скъолайы йæ ном хæссы кълас. Йæ фæстæ цы æртæ бындары ныууагъта, уыдон ын йæ кад дарддæр кæй хæсдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Сæ хъысмæт сын Дунейы фарн сæ хъайтар фыдæй амондджындæр скæнæд…

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here