(МГИМО-йы профессор Сергей Маркедоновы
æрмæджыты бындурыл)
Уæрæсейаг политолог, этнополитикæйы цыды, национализмы фарстатæ æмæ раздæры Советон Цæдисы тыгъдады быцæуты, стæй европæйаг æдасдзинады фарстаты фæдыл специалист, историон наукæты кандидат Сергей Маркедонов æрæджы уыд Ирыстоны. Ныхас цыд, Уæрæсе – Кавказ æмæ Кавказ – Уæрæсейы, политикæ æмæ хиæмбарынады, стæй 1991-2026 азты Уæрæсейы æддагон политикæ, йæ нысантæ æмæ хæзнаты фарстатыл.
Фæстаг 35 азмæ Уæрæсейы æддагон политикæйы интерестæ, нысантæ æмæ хæзнатыл бирæ цæуы ныхас. Советон Цæдис фехæлды фæстæ йæ зæххыл цы аст быцæуы ‘рцыд, уыдонæй æхсæз равзæрдысты Кавказы: Сомих, Азербайджан, Карабах, Гуырдзысон, Цæцæн, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны. Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæм Ныгуылæны ‘ргом здæхт нæ уыд раздæры Цæдисы республикæтæ æмæ Кавказмæ. Йæ архайд цыд Югославийы бынтыл, цы цаутæ дзы цыд, уыдон се ‘нцад нæ уагътой. Ног æнусы райдианæй регионмæ цæуын райдыдтой алы паддзахæдты минæвæрттæ, дыууæ ныхмæлæууæг лæсæны райдыдтой кæрæдзимæ ‘ввахс кæнын. НАТО-мæ иу иннæйы фæдыл бацыдысты Цæдисы раздæры хæлæрттæ. Йæ ног сконды 1952-1999 азтæм уыдысты авд паддзахады, иу уыйбæрц та ма сыл бафтыд 2004 азæй. Европæ æмæ Евразийы æдасдзинады картæ цæхгæр аивта. Евроцæдис дæр райрæзт æмæ 2007 азы Болгари æмæ Румыни – дыууæ сауденджызон паддзахады систы НАТО æмæ Евроцæдисы уæнгтæ. Раздæры Советон Цæдисы респуб-ликæтæ систы Хæстæгдæр фæсарæйнаг бæстæтæ, Уæрæсейы сындæггай сæхицæй иуварс кодтой. Райдыдта кризис: тæссаг уыд Приднестровьейы фæиуварс кæныны хъуыддаг дæр. Фæстæдæр цы пълан сарæзтой, уый бындурыл бацæттæ кодтой Хуссар Ирыстоны фæдыл бадзырд Гуырдзыстонимæ.
Кавказаг паддзахæдтæ куы бамбæрстой, Цæдисы фехæлд æцæгдзинад æмæ дæргъвæтин рæстæг ахæсдзæн, уæд дзы алчи процесстæм кæсын райдыдта, хи интерестæ хынцгæйæ. Шеварднадзе Коммунистон партийы Центрон комитеты 2-æм пленумы, Уæрæсейы ‘рдæм амонгæйæ, куыд загъта, афтæмæй сыл хур Цæгаты ‘рдыгæй скæсы. Фæстæдæр, 1999 азы йæ хъуыды фæивта: «Мæскуы куы нæ уа, уæд та уыдзæн Ныгуылæн». Æрæджы Гуырдзыйы премьер-министр Ираклий Кобахидзе загъта, Китаимæ сæ кæй хъæуы базарадон-экономикон ахастдзинæдтæ саразын, кæд искæцы хæларзæрдæ китайаг семæ сразы уаид. Нæ уыд, Кавказы рагæй дæр куыд бакæнынц, афтæ – сыхаг адæмимæ дзурын, йæ бæсты – æнæрхъуыды фæндæттæ, уыдон та алы хатт бæзгæ æмæ æхцон нæ вæййынц.
Гуырдзыстон йе ‘ргом Ныгуылæнмæ аздæхта, Азербайджан – Туркмæ. Интернационализаци цыд дарддæр æмæ æркодта 2008 азы цаутæм. Уæвгæ та, Уæрæсе йе ‘ддагон политикæ кæй аивта, уымæн афтæ рауад. Хуымæтæджы не ‘рцыд ивд 2008 азы августы. Беловежаг уагæвæрды раздæры Цæдисы республикæты фæдыл цы 14 фарстайы уыд, уыдоны уавæрмæ ногæй каст æрцыд. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты хæдбарыл банымайгæйæ, уагæвæрд аивтой. Уæд Мæскуы бахас-та фæндон, цæмæй Европæйаг æдасдзинады фæдыл Бадзырд бафыссой. Уый фидар дзырд лæвæрдта НАТО-йы, стæй Уæрæсейы æдасдзинадæн, фæлæ бюрократон формализмы аххосæй æххæстгонд не ‘рцыд. Цæвиттон, НАТО-йы сконды уыцы рæстæгмæ уыд 27 паддзахады, уыдон иумæйаг æвзаг никуы ссардзысты, зæгъгæ, аххосæй гæххæтт нæ бафыстой. Куы сæ фæндыдаид, уæд хъуыддаг сырæзыдаид, куы нæ фæнда, уæд та аххосæгтæ фæагурынц æмæ сæ ссарынц.
Афтæ, кавказаг сюжет регионалон арæнтæй ахызт, уæрæсейаг æддагон политикæ райдыдта пайда кæнын, фæстæдæр, Ныгуылæн ревизионизм кæй схуыдта, уыцы æмбарынадæй. Йæ мидис та уыд ахæм: кæд 100 сомæй æлхæныныл баныхас кодтам, уæд æй 200 сомыл мауал хъар. Уæрæсейы размæ Приднестровье, Хъырым æмæ Донбасс хæдбар республикæтыл ацы сахат банымайыны хæс нæ лæууыд, цалынмæ гæнæн уыд баныхас кæнынæн, кæрæдзийæн хатыры фæрцы иу ныхасмæ ‘рцæуынæн, уæдмæ. Уый тынг ахсджиаг у, у 2008 азы цауты фæстиуæг.
Фæстæдæр Кавказ 2008-2014 азты сси ног «уазал хæсты» архайды бынат. Хуссар Кавказ уæрæсейæгтæн хæстæгдæр фæсарæнтæ сты, америкæгтæн та Кавказ, Сомих, Азербайджан æмæ Гуырдзы уыйас ахсджиаг не сты, сæ конд сты Уæрæсе, Иран, Турк æмæ Китай. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсе у ахæм паддзахад, кæцы архайы зæххытæ экспансийы фæрцы раздахын æмæ раздæры сæрмагонд арæнтыл æрлæууын. Турк хивæнд у, Иран – æнæбасæттон, Китай – аренæйыл ног хъазæг, фæндаг агургæйæ, архайы Европæйы йæ бынат ссарын. Æнæ Кавказ æмæ Центрон Азийæ уый гæнæн куыд ис? Бæрæг у, гæнæн ын кæй нæй. Фæлæ Америкæйæн уыцы фарстатæ ахсджиаг сты. Уыдонмæ ма бафтау энергетикæйы фарста, ам сæйрагдæр у европæйаг стратегион цæдисонтæн уæрæсейаг энергетикон империализмы æндæрæй баивын.
Уавæр 2014 азæй аивта, кавказаг темæ дыккаг бынатмæ рацыд. Æппæт дæр здæхт уыд Украинæмæ – Уæрæсейы фæстæ егъаудæр паддзахадмæ, зæхх, йе ‘вæрæнтæ æмæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ. Кавказ фыццаг бакастæй аууоны аззад, фæлæ уый раст нæ уыд, уый равдыстой Карабахы 2016 азы, фæстæдæр та Цæцæны – 2020 азы цаутæ. Карабах бафæрæзта 26 азы, стæй сси Азербайджаны хай, Турк ацы хъуыддаджы йæхи кæй батъыста, йæ дипломатон, æфсæддон æмвæзадыл, стæй, хæс-тон уынаффæгæнджытæ ацы хъуыддагыл кæй бацархайдтой, уый руаджы. 22 азмæ Ныгуылæн Кавказмæ кæд куыдфæндыйы цæстæй каст, уæд ныр æрурæдта Гуырдзыстоны фæнд НАТО-мæ бацæуыны фæдыл. Минскаг къорды фæлгæты æмгуыст кæнынц, раздæр чи никуыма уыд, уыцы æмвæзадыл. Карабахы абон нæдæр сомихæгтæ сты, нæдæр азербайджайнæгтæ. Уæрæсейы бон у дыууæты ‘хсæн ныхасæн уавæртæ бацæттæ кæнын, дарддæр – сæ хъару æмæ сæхæдæг: кæнут дипломатон, хæстон, политикон куыст. Сæхæдæг ныхас кæнæнт.
Кавказы фарстатыл кусынмæ сæхи ивазын райдыдтой, раздæр активон чи нæ уыд, уыцы паддзахæдтæ. Инди архайы Сомихы хæцæнгæрзтæй ифтонг кæныны фæзуат бацахсыныл, Бакуйы та – Пакистан, ис егъау æмархайд Турк æмæ Азербайджанимæ. Дыууæ паддзахады дæр активонæй архайынц канд Кавказы нæ, фæлæ Хæстæгдæр Скæсæйнаг здæхæны дæр. Рæзты къахыл лæуд, Китай тынг активон кæй ссис, уый фæдыл бæрæг тасдзинад æвзæры Индимæ. Стратегион æмархайды бадзырд 2023 азы бафыста Гуырдзыимæ, 2025 азы – Сомих æмæ Азербайджанимæ. Китай фæлтæрæнтæ кæны, йæ цæст кæуыл æрæвæрдта, уыцы наулæу-уæнмæ экономикон æгъдауæй транспортон фæндаг саразын. Боны фæтк зынгæ фæвазыгджындæр: Азербайджан райста Карабах, Сомих дзы сцух. Афтæмæй дыууæты зæрды дæр ис Уæрæсейæ сæхи адард кæнын? Æддаг бакастæй куыд зыны, хъуыддаг бынтон афтæ тæссаг нæу. Уæрæсейы тæфаг баззад, Азербайджаны пъланы нæй Турк сæ аныхъуырайы хъуыды. Уæдæ, Иран æмæ Израилы архайæг тыхты фарстаты дæр сæ цæстæнгас фæйнæхуызон у. Фыццагау, Сомих егъау Евразийы рæзты ахсджиаг архайæг тых у, Иранмæ фæндаг ууыл цæуы. Ныры онг сæм æппæты стырдæр куысты бынæттæ «Газпром-Армения»-йы ис, сæ нымæц у 7,5 мины. Маркедонов куыд нымайы, афтæмæй сæ хи къухæй БРИКС-æй схойын нæ хъæуы, уый тæссаг у.
Чи у Пашинян æмæ политикæйы цы бынат ахсы? Политикон цæрæгой кæй у, уый æмбарын хъæуы. Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ, цы бæрæг фарстатæ баппары боны фæткмæ, уыдонмæ хъус дарын нæ хъæуы. Тæргæйттæ æмæ ‘нкъарæнтæ нæ хъæуы дзыллон информацийы фæрæзтæн æхсæнадмæ хæссын. Ис фарстатæ, кæцытыл кусын хъæуы, адæмы ‘хсæнмæ сæ нæ хæсгæйæ. Фембæлды рæстæг дыууæ разамонæ-джы ‘хсæн ныхас фæцæуы прагматикон фарстатыл. Сомихæй нæ фæхицæн кæнинаг сты, цæмæ нæ хъæуы Сомих, ОДКБ-йæ, Бриксæй йæ айсæм? Æмæ уæд цы уыдзæн? Иу хатт сразы Европæ уыдзæн сæ абрикостæ балхæныныл, дарддæр та цы? Уый Гуырдзыстонмæ дæр хауы. Дипломатон ахастдзинæдтæ нал сты, фæлæ экономикон бастдзинæдтæ рæзынц. Туризм, æхца æрвитыны хъуыддаг рæзы, Нацбанчы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейæ ‘рвыст æхцайы бæрц хæццæ кæны 70 процентмæ. Гуырдзыстоны тыххæй дзургæйæ нын ацы фарстайы ис быцæуархайджытæ – Америкæ æмæ Итали, Уæрæсе – æртыккаг бынаты.
Сергей Мирославы фырты хъуыдымæ гæсгæ, уæрæсейаг политикæйы хъуамæ фылдæр уа креативондзинад, уа рæстæгæй домгæ. Фынджыбадты дипломати – æдзух æппæлæн ныхæстæ куы фæкæнæм. Науæд та, сыстæд æмæ ацæуæд, быхсæд, стæй фæстæмæ йæ зонгуытыл æрбаздæхæд, фæсмон кæнæд æмæ кæуæд… «Уæрæсейаг æддагон политикæ прагматикон интерестæн иттæг бæрæг дзуапп хъуамæ дæтта, гæнæн æмæ амалæй æппæт архайд дæр уæззау зондахастимæ ‘ххæст кæна», – зæгъы зындгонд политик.
Æрмæг ныффыста ХУЫБИАТЫ Ларисæ














