Аивад – нацийы цардайдæн

0
12

Хъæздыг æмæ бæркадджын сты нæ культурæ, аивад,  истори, фæлæ, хъыгагæн, абоны онг дæр бирæ быцæйуаг фарстатæ кæронмæ иртæст æмæ бæстонгонд нæма ‘рцыдысты. Нæ фыдæлтæй нæм цы ‘рхæццæ ис, уыдонæй дæр историйы гуыргъахъ фæндæгтыл бирæ фесæфт. Чи ма дзы ис, уыдоны дæр алчи кæны, йæхимæ куыд растдæр кæсы, афтæ. Тынг бирæ аразынц нæ ахуыргæндтæ нæ культурон бынтæ бахъахъхъæнынæн, фæлæ уыдонæй дæр алкæмæн ис йæхи цæстæнгас, йæхи хъуыды. Бæстондæр сæ куыд раиртасæм æмæ бахъахъхъæнæм, уый фæдыл ныхас кæнæм Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг, нывгæнæг, актер, зарæггæнæг æмæ кафты дæсны Гасынты Жоржимæ.

— Жорж, аивады фарстаты фæдыл-иу раздæр дæ критикон уацтæ арæх фæзындысты газетты, журналты фæрстыл. Рауагътай сыл чиныг дæр. Критикæ та кодтай, нæ аивады хæзнатæй нын бирæтæ арвистон кæй сарæзтой, уый тыххæй.  Ау, æмæ нæ кафты аивадæй дунетыл зындгонд куы стæм…

— Кæд нæ культурон бынтæй бирæтыл рæстæджы фæлм æрбадт, уæддæр сæ адæм, цæстыгагуыйау хъахъхъæнгæ, æнусты сæрты æрхастой. Нæ ирд аивад йæ рæзты фæндагыл махмæ æрхæццæ бирæвæрсыг æмæ аив нывæзтæй стыр эстетикон нысаниуæгимæ. Кафт рагзаманты æнгом баст уыд адæймагæн йæ цардыуагимæ, нæ истори, не ‘гъдæуттимæ. Кафты ‘взагæй нæ фыдæлтæ æвдыстой сæ царды æрвылбоны цаутæ: цуан кæнын, знагимæ тох, æрдзы фæзындтытæ, уарзондзинады æнкъарæнтæ… Ацы кæфтытæй адæмæн уарзондæр сты «Симд», «Хонгæ кафт», «Зилгæ кафт», «Рог кафт», се ‘ппæт дæр фæзындысты тымбыл кафты бындурыл. Ацы кафтæн та йæ бындур æнгом баст у хуры символимæ. Афтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ цыдысты тæккæ цардхъомдæр æмæ мидисджындæр национ кафты хицæн хуызтæ. Фæлæ хъыгаг у, нæ кæфтытыл рæстæджы цыд æндæр адæмты æндæвдад кæй фæзынд, уый.

 — Куыдфæнды ма уа, уæддæр нæ хореографи хъæздыг æмæ алывæрсыг у, фæлæ нæм, мæнмæ гæсгæ, «Симд»-æй рагондæр æмæ кадджындæр кафт нæй.

— Рагондæр, куы зæгъæм, уæд нæм ахæмтæ бирæ ис, фæлæ, «Симд» дунейы къуымты кæм нæ зонынц, ахæм нæй. «Симд» у ирæтты-аланты фольклорон классикон фæлгонц. Йæ уидæгтæ æххæссынц нарты кадджытæм. Нартæ-иу суанг уæйгуытимæ дæр симды бацыдысты. Ацы диссаджы кафтæн кæд йæ ритуалон нысаниуæг фесæфт, уæддæр бахъахъхъæдта йæ рагон хуыз. Кафынц æй æнæхъæн Кавказы кафджыты коллективтæ, суанг æй йæ репертуармæ бахаста Советон Цæдисы зындгонд кафджыты коллектив Игорь Мойсеевы разамындæй. Разæнгардæй йæ æвæрынц Гуырдзыстоны сценæтыл дæр. «Симд»-æн ис цалдæр варианты: «Нæртон симд», «Тымбыл симд» æмæ «Симд сандрахъ».

— Жорж, уæддæр дæм куыд кæсы, нæ фыдæлты кæфтытæй искæцытæ рохуаты баззадысты?

— Абон чындзæхсæвты нал кафынц бирæ кæфтытæ, фæлæ ма сæ кафынц фольклорон ансамбльтæ. Зæгъæм, «Чепена», «Алай», «Ронимæ кафт», «Лæдзджытимæ кафт», «Даттыгуыйы кафт», «Цоппай», «Тæгиаттаг кафт», «Туаллаг кафт», «Æддæгуæлæ кафт». Зæгъын мæ фæнды «Ханты цагъд»-ы тыххæй. Æркæсæм ма историмæ. Дзырд «хан» у туркаг, монгойлаг æлдæртты нæмттæм æфтауæн. Зæгъæм, Чингиз-хан, Менгу-хан, Хан-бату æмæ афтæ дарддæр. Аланты æлдæрттæ дæр монголтæй дæлдæр нæ лæууыдысты сæ социалон уавæрмæ гæсгæ, æмæ уымæ гæсгæ уыдон дæр сæхи рахуыдтой «хантæ». Сæ царды, сæ уæлæдарæс æмæ кафты хуызтæ дæр, æнæмæнгæй, хицæн кодтой хуымæтæг адæмæй.

Æлдæртты цот хъазты æнæ «Ханты цагъд» нæ кафыдысты, æндæр цагъдмæ кафын сæ сæрмæ нæ хастой. Нæ фыдæлтæ хæстхъом æмæ бæгъатыр кæй уыдысты, уый сын сæ туджы ныууагъта арф фæд. Сæ хæстон архæйдтытæ æвдыстой сæ кæфтыты. Зæгъæм, «Хъаматимæ кафт», «Рог кафт», «Барджыты кафт», «Дыууæ хæлары кафт» æмæ æндæртæ. Хъаматæ æмæ æхсаргæрдтимæ кафтæн дæр ис бæлвырд нысаниуæг: æрыгон лæппутæн бацамонын, тохы быдыры сæ чи бахъæудзæн, ахæм хæстон сусæгдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ ацы кæфтытæ æрмæст хореографион хæзнатæ не сты, фæлæ сын ис стыр патриотон æмæ хъомыладон нысаниуæг. «Хонгæ кафт» дæр у ирон хореографийы хæзна, йæ мидис у арф, лирикон. Йæ сюжет амад у лæппуйы уæлвонг æнкъарæнтыл йæ равзæрст чызгмæ. Ацы кафты нæй цæхгæр фæзилæнтæ, гæпп кæнæн. Лæппу хъуамæ кафа æнæнкъуысгæ, чызджытæ дæр хъуамæ кафой ленкгæнæгау уæзданæй. Иу ныхасæй, алы кафтыл дæр ис чиныг ныффыссæн, фæлæ се ‘ппæтыл æрдзурыны фадат нæй.

— Æз ма хъуыды кæнын, «Чепена» ма чындзæхсæвты куы кафыдысты, уыцы заман. Кафыдысты ма йæ 70-æм азты дæр. Мах уæд сывæллæттæ уыдыстæм, æмæ нæ хæстæг нæ уагътой, фæлæ дзы цыдæртæ мæ зæрдыл лæууы. Чегъре-иу зиллаччы мидæг зылд лæдзæгимæ æмæ цыдæртæ зарыд, йæ алфамбылай лæгтæ, кæрæдзийы уæхсчытыл хæцгæйæ, зылдысты æмæ йæ фæстæ фæлхат кодтой. Абоны онг дæр мæнмæ диссаг кæсы, уымæн цавæр нысаниуæг уыди, уый.

— Уæлдæр цы кæфтыты кой ракодтон, уыдонæн сæ рагондæртæй у «Чепена». Кафыдысты йæ, чындз æрхæсгæйæ, дыккаг бон стырдæр уаты арты алыварс. Ирон адæмы уырнынады арт, зынг æмæ хур уыдысты царддæттæг, тых, амонд æмæ фарнхæссæг, низтæ æмæ фыдбылызтæ сафæг. «Чепена»-йы кафты нысан уыд чындзхасты цауæн фæткмæ гæсгæ æгъдау дæттын, кувын, уды сыгъдæгдзинад курын. Чепенагæнæг амыдта архайджытæн кафты цыд, фæзылдтытæ æмæ зарæджы ныхæстæ, æмæ сæ уыдон æххæст кодтой йæ фæстæ. Æнæ амонæгæй къордæн нæ уыд нæдæр зарыны, нæдæр кафыны бар. Кафт-иу райдыдта цадæггай, куыдфæстагмæ йæ уаг, йæ ритм кодтой тыхджындæр, йæ ныхæстæ – хъæрдæр æмæ къæйныхдæр. Кафт-иу йæ кæронмæ афтæ сцырен, æмæ-иу хæдзары къултæ змæлыдысты. Ацы кафты архайыны бар нæ уыд сылгоймæгтæ æмæ фæсивæдæн. Ацы фæстаг рæстæг кафтмæ бахастой, æцæгæлон ын чи у, ахæм бирæ ногдзинæдтæ, æмæ тынг аивта. Уый бар никæмæн ис, æмæ нæм сæдæгай азты сæрты чи ‘рхæццæ, уыдоны гуымиры æгъдауæй халой.

— Жорж, кафты аивадмæ кæд бирæ ногдзинæдтæ бахастой, уæддæр нæм бæрзонд æвæрд у, фæлæ дæ арæх фехъусын, иуæй-иу ансамбльтæ нæ сценикон костюмты хуыд, формæ кæй аивтой, уый.  Цæмæн афтæ хъуыды кæныс?

— Нæ фыдæлты уæлæдарæс у нæ адæмон сфæлдыстады ахсджиаг къабаз, æмæ хъуамæ сценæйыл æвдыст цæуид, сценикон костюмты хуызы куыд уыд, афтæмæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлты дзаумæтты хуызтæ абон æнцон сбæрæг кæнæн нал сты, фæлæ нын уымæн хорз æххуыс сты рагон ингæнтæ. Археологон иртæстыты руаджы цы дзаумæтты баззайæццæгтæ, стæй, мигæнæнтыл цы нывæфтыдтытæ ссарæм, уыдонмæ гæсгæ скæнæм эскизтæ. Сæ руаджы базонæн ис канд дзаумайы карст нæ, фæлæ сæ социалон уавæр дæр. Фæлæ сæ сценæйыл, куыд æмбæлы, афтæ нал пайда кæнæм. Нæ сыхаг адæм та сæ национ дзаумæттæн стыр кад кæнынц.

— Ау, нæ аивадон коллективтæ цухъхъаты, разгæмтты нæ кафынц?

— Чи загъта, æмæ цухъхъа мах дзаума у? Цухъхъайæн йæ ном йæ уæлæ ис. Уыцы дзаума махмæ ‘рбафтыд черкестæй. Уæды заманы Кавказы адæмыхæттытæ кæсæг, черкес, ногъай уыдысты тынг æгъатыр. Алантæ монголты æрбабырсты фæстæ тынг фæцудыдтой, сæ паддзахад ныппырх, ныххæлæттаг, лæгдых сæм нал уыд, æмæ уымæй пайда кодтой ацы адæмтæ. Фыдмитыл нæ ауæрстой, уæдæ сæм цивилизаци дæр раздæр фæзынд.

Фæлæ фæстæдæр, ирæттæ куы фæфидар сты, уæд уавæр аивта. Кæсæг æмæ черкестæ уыдысты Хъырымы ханты дæлбар, æмæ сæм уыдонæй XVII æнусы ‘рбафтыд цухъхъа, стæй топпыхос. Йæ бæрцытæ (газыри — уый дæр черкесаг ныхас у) йын хуыдтой цармæй æмæ дзы дардтой топпыхос. Цухъхъа кæныны амонд хауд æрмæстдæр хъæздгуытæм, иннæтæ та топпыхос дардтой сæ астæутыл баст бæндæнтыл ауыгъд сыкъаты мидæг. Чи куыд бонджындæр уыд, уымæ гæсгæ сæ цухъхъатæ хуыдтой зынаргъдæр хъуымацæй, аив æй кодтой сыгъзæрин кæнæ æвзистæй конд хъама, рон, дамбаца æмæ йæ босæй. Риуы фæйнæфарс хуыдтой æхсæздæс бæрцы. Арæзтой сæ канд цармæй нæ, фæлæ сыгъзæрин, æвзист, стæг æмæ хъæдæй.

Сылгоймаджы дзаума хуыд уыд зынаргъ дари, хъæдабæ хъуымæцтæй. Къабайы риу-иу сфæлыстой æвзист риуæгънæджытæй, сæ нымæц-иу уыд 12-14 рæнхъæй. Тынг аив конд уыдысты къабайæн йæ дыстæ. Хуымæтæг æмраст дыстимæ ма йын хуыдтой «мæнг дыстæ» сырх кæнæ бур хъуымацæй. XIX æнусы ‘мбисы фæзындысты даргъ «уæларм» дыстæ. Уыдон къухтæй уыдысты бирæ даргъдæр. Декоративон нысаниуæг сын кæй уыд, уымæ гæсгæ сæ хуыдтой сыгъзæрин æндахæй хæрдгæхуыд æмæ бынæфтыды фæрæзтæй.

— Уæддæр нæ национ уæлæдарæсы хуыз нæ фидæнæн куыд бахъахъхъæнæм?

— Ирон национ уæлæдарæсы сæйраг бынат ахста куырæт, фæзынд нæм раджы. Ис ын комкоммæ бастдзинад, зындгонд Чертомлыкы обауы цы ‘взист донгарз ссардтой, ууыл цы рагон скифаг куырæтты нывтæ уыди, уыдонимæ. Ахæм комкоммæ дæнцæгтæ æрхæссæн ис «Солоха», «Кульоба» æмæ «Толстая могила»-йы æрмæджытæй дæр. Раджы фæзынд уæхсчытыл даргæ (уæйлаг) нымæт дæр. Уый уыд сæрмæттæ æмæ аланты дзаумайы сæйраг хуызтæй иу. Кавказмæ дæр æй æнæмæнг ацы цæугæцардгæнæг знæмтæ ‘рбахастой. Нымæтæй конд алыхуызон худтæ дæр уæд фæзындысты.

Цæгат Ирыстоны кæнгæ ингæнтæй (катакомбæтæ) ист астæуккаг æнусты алайнаг худтæ басылыхъхъы халдих сты. Ацы дзаума та тынг кадджын уыд ирон адæммæ. Нæлгоймагæй, сылгоймагæй сын уыд иумæйаг дарæс. Чызг-иу чындзы куы цыд, уæд буцдæрæн йæ тиуæн лæвар кодта йæхи конд басылыхъхъ, лæвар æй кодтой дугъы уайджыты уæлахиздзаутæн дæр. Уый та нысан кæны, басылыхъхъ ирон адæмæн кæй уыд традицион æмæ кадджын дарæс. Афтæмæй та фæстаг азты нымæт æмæ басылыхъхъ ирон кафты стæм хатт фендзынæ.

Фæлмæн сæракæй конд зæнгæйттæ, дзабыртæ, хæдбынтæ бæрæгбонхуыз лæвæрдтой дзаумайæн. Фæлгонц сæ кодтой алыхуызон нывæфтыдтытæй, сыгъзæрин, æвзист æндахæй хæрдгæхуыдтæй.

Иу ныхасæй, на национ дзаумæттыл дзурæн ис æдзухæй. Куыд ис æруадзæн, æмæ рохуаты баззайой?

— Дæ ныхасмæ гæсгæ, нæ фыдæлты цардæвдисæг хæзнаты фылдæр хай зæххы бын ис, ома рагон ингæнтæ æмæ зæппадзты, æмæ дзы историктæ æмæ археологты руаджы нæ къухы бирæ бафтыд. Ды уыцы агурæн куыстыты арæх вæййыс семæ, уыцы ссарæггæгтæм гæсгæ сарæзтай нæ рагон дзаумæттæй бирæты эскизтæ. Уыцы рагон хæзнатæ фылдæр кæм сты?

— Ахæм бынæттæ нæм бирæ ис. Агурæн куыстыты рæстæг æрмæст Куырттаты комы ссардтам дыууæсæдæйæ фылдæр рагон ингæны. Бирæ разынд Дæргъæвсы, Дзывгъисы, Змейкæйы, Архызы, Тебердайы… Уыдоны уыд бирæ алыхуызон дзаума, къахыдарæс, хæстон фæлыст, æхцатæ, хæдзары мигæнæнтæ æмæ бирæ æндæртæ. Сæ фылдæр уыдысты, монголты ныхмæ чи хæцыд, уыцы хохаг адæмы ингæнтæ, ома XIV-XV æнустæй. Диссаг уый у, æмæ дзы бирæтæ æрхæццæ сты æнæхъыгдардæй, бирæ рæтты æнæхъæнæй баззадысты сæ уæлæдарæс, мигæнæнтæ, æмæ нын уый хорз фадат ратта сæ цардыуаг, сæ дзаумайы карст сахуыр кæнынæн. Хъыгаг у, ныртæккæ археологон куыстытæ арæх кæй нæуал кæнæм.

Ирæтты национ дарæс у нæ культурæйы иу хай. Уый баст уыдис нæ фыдæлты цардыуагимæ, фæлæ фаг æвдыст нæ цæуы аивады хуызты, музейты, кæронмæ иртæст нæу йæ истори.

Уыдоны хорз раиртасæн ис нæ литературæйы гуырæнтæй, нæ сыхаг адæмты уæлæдарæсимæ абаргæйæ, археологон æмæ фольклорон æрмæджытыл æнцой кæнгæйæ, нæ рагон хъобайнаг æмæ ирайнаг знæмты культурæйы цыртдзæвæнтæ сахуыргæнгæйæ. Æппæт уыдæттыл куы нæ архайæм, уæд фесæфдзæн нæ истори, æнæ истори та нæй фидæн. Цы эскизтæ нæм ис, уыдонмæ гæсгæ ансамбльтæн бахуыйын хъæуы сценикон дзаумæттæ, æмæ нæ рагон кæфтытæ хъуамæ кæнæм уыдоны мидæг. Кафтæн хъуамæ уа йæхи музыкæ, йæхи фæлыст, бæлвырд уа йæ цæсгом. Уымæ гæсгæ балетмейстер-хореограф кафты æрмæг хъуамæ зона бæстон æмæ фольклоры æвæрæнтæй арæхстджынæй пайда кæна. Нæ аивады хæзнаты нæ хъæуы æндæр адæмтæй æрбайсгæ алы хъылма тъыссын æмæ сын сæ историон нысаниуæг халын.

— Жорж, дæ царды бонты нæ культурæ, нæ аивад, нæ историон бынтæ бæстон кæныныл архайыс, æмæ дын  стыр бузныг.

Ныхас кодта ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here