РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым равзæрста, спортивон программæтæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, уый.
Рæгъмæ рахастой спортивон куыстуæтты архайд, инфраструктурæйы рæзт, физикон культурæ æмæ спорты уавæртæ, профилон организациты финансон-хæдзарадон архайд. Æмбырды архайдтой физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова, спортивон кусæндæтты разамонджытæ.
Дзанайы-фырт куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон Уæрæсейы нымад у спортивон регионыл. «Нæ хæс у республикæйы цæрджытæн физикон культурæ æмæ спортæй архайыны æппæт фадæттæ саразын. Цæмæй нæм ног спортивон объекттæ фæзына, уый тыххæй архайæм федералон программæты, регионы фадæттæй пайда кæнæм, материалон-техникон бындур фидардæр кæнæм. Хъуамæ алы спортивон куыстуат дæр йе ‘ппæт хъомысæй куса, уый тыххæй та хъуамæ профилон ведомствæтæ ахадгæ хуызы архайой», – загъта Хицауады Сæрдар.
Цæгат Ирыстоны ацы аз спортивон кусæндæттæн, уыдонимæ – олимпиаг фæстауæрцы скъолатæн, материалон-техникон бындур сфидар кæнынæн хъуамæ радих кодтой 20 милуан сомæй фылдæр. Республикæйы министрты кабинеты разамонæг спортивон кусæндæтты хицæутты размæ сæвæрдта ахадгæ хуызы куыст саразын, сæ финансон-хæдзарадон архайд сын фæхъомысджын кæныны хæстæ.
Ныхасы рæстæг куыд райхъуыст, афтæмæй бæхты спортивон республикон скъола домы бындурон цалцæг. Дзанайты Барис бафæдзæхста, цæмæй объект хаст æрцæуа федералон программæмæ. Уымæй дарддæр æргом аздæхта ихын аренæйы æдзæллагдзинадмæ, бафæдзæхста, объекты æмбæлгæ техникон уавæр саразын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














