Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерлан фæдзырдта туристтæ, гидтæ æмæ экскурситæ аразджытæм, цæмæй республикæйы дзуæртты бынмæ, уаз бынæттæм цæугæйæ, традицитæ æххæст кæной.
Нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты кувæндæттæ раздæрау сты нæ уды бынæттæ, уымæ гæсгæ, уырдæм цæугæйæ, æнæмæнг, хъæуы æмбæлгæ уæлæдарæс скæнын, уагæвæрд æххæст кæнын. Туристтæй курынц кувæндонмæ æхгæд дарæсы цæуын, тамако нæ дымын, хъæбæр нозт нæ нуазын, бырынкъджыны дзидзайæ пайда кæнын æмæ хъæр ныхас нæ кæнын.
Сæрмагонд æргом Хлойы-фырт аздæхта гидтæ æмæ экскурситæ аразджыты куыстмæ. Уыдон хъуамæ рагагъоммæ туристты базонгæ кæной нæ кувæндæттæм цæуыны уагæвæрдимæ, бахъуаджы рæстæг хъуамæ транспортон фæрæзы уа, уæхсчытæ æмæ зæнгтæ чи ‘хгæны, ахæм уæлæдарæс.
Уыцы уагæвæрд куыд æххæст кæнынц гидтæ æмæ экскурситæ аразджытæ, уымæ уыдзæн тызмæг каст.
БУТАТЫ Азæмæт














