Уæрæсейы Журналистты цæдис конкурс «2026 азы хуыздæр журналистон уацмыс»-ы бæрæггæнæнтæ бахыгъта.
Æппæт бæстæйæ æрбафтæг 1600 æрмæгæй фылдæр кæдæм хаудтой, ацы аз экспертон жюрийы уæнгтæ 752 ахæм курдиатыл æрныхас кодтой.
Конкурсы дипломантты ‘хсæн ис не ’мзæххон, Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы радиохъусынгæнынады службæйы шеф-редактор Баллаты Ритæ (программæ «Боныгон студи»-йы тыххæй).
Цæгат Ирыстоны Мыхуыры хъуыддæгтæ æмæ дзыллон коммуникациты комитет Ритæйæн йæ хæрзиуæджы фæдыл арфæ кæны. Нæ зæрдæ йын зæгъы ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ æмæ алыхуызон хорздзинæдтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.














