Архитекторты форум «АрхАлания» цæудзæн ацы фæззæг, октябры дыууæ фыццаг боны Дзæуджыхъæуы Национ музейы.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ацы аз расидт Архитектурæйы аз. Цы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонæй сæйрагдæр уыдзæн ацы фембæлд. Йæ саразджытæ сты РЦИ-Аланийы Хицауад, нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад, Уæрæсейы Архитекторты цæдисы регионалон организаци, Уæрæсейы Минстрой æмæ Архитекторты цæдисы æххуысæй. «АрхАлания» æрбамбырд кæндзæн иу фæзы архитекторты, аразджыты, бынæттон æмæ федералон хицауады минæвæртты, бизнес-æхсæнады, нырыккон горæтты хуыз куыд ивы, уымæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдоны.
Цæгат Кавказы федералон зылды регионты архитектурæ абон цавæр хъуамæ уа, стæй, фидæны нæ горæттæ æмæ хъæуты æддагбакаст цавæр уынаффæтæй аразгæ у? Ацы æмæ æндæр фарстатыл æргом ныхас цæудзæн форумы. Архайджытæ сæ фæлтæрддзинад, сæ зонындзинæдтæй спайда кæндзысты, æппæт Кавказæн ахсджиаг чи у, уыцы хъуыддаг саразыныл.
Фембæлды сæйраг мадзæлттæ баст уыдзысты Цæгат Кавказы регионты ’хсæн профессион бастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын, историон-культурон бынтæ æмæ æрдзон ландшафт бахъахъхъæнын æмæ æндæр ахсджиаг фарстатимæ.
Фылдæр æргом форумы аздахдзысты, горæтты æхсæнадон æмæ экономикон царды архитектурæйæн цы нысан ис, уымæ, бизнес æмæ æнæбюджетон æхцатæ куыд æрбаздахæн ис фæзуæтты рæзт, профессион архитектурон æхсæнад фидар кæнын æмæ дæсны специалистты ног фæлтæр цæттæ кæныны хъуыддагмæ. Форумы сæйраг программæ цæудзæн дыууæ боны, уыцы иу рæстæг музейы æртæ залы. Ныхас дзы цæудзæн ног фæлтæримæ, архитекторы дæсныйад кæй фæнды равзарын, стæй, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ныридæгæн ацы хъæугæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ чи ахуыр кæны, уыдонимæ.
Форумы уыдзысты горæтты сæйраг архитектортæ, горæты рæзты институты раззагдæр специалисттæ, урбанисттæ, архитектортæ канд Цæгат Кавказæй нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейæ дæр. Йæ программæ æмæ хъуысынгæнинæгтæ бакæсæн уыдзæн интернеты тыгъдады.
Гугкаты Жаннæ














