Терроризм æмæ экстремизмы фæзындтытæ ма ‘руадзын

0
60

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, Терроризмы ныхмæ къамисы сæрдар Сергей Меняйло сарæзта иумæйаг æмбырд къамис æмæ республикæйы Оперативон штабæн.

Æмбырд ацыд видеобастдзинады æххуысæй, æмæ дзы архайдтой барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæ, Хицауады уæнгтæ, Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты сæргълæуджытæ.

Цы фарстатæм æркастысты, уыдоны сæйрагдæр уыди æвзарæн кампанийы бонты, Зонындзинæдты бон æмæ Беслæны фыдбæллæхы бонты терроризм æмæ экстремизмы фæзындтытæ ма ‘руадзыны мадзæлттыл. 18-20 сентябры Цæгат Ирыстоны, куыд æппæт Уæрæсейы, æвзардзысты депутаттæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй хъæлæс кæныны рæстæг закъоны хæлдтытæ ма ‘руадзын æмæ граждæнты æдасдзинады сæйраг рахæцæн у æвзарæн участокты техникон ифтонггæрзтæй цæттæдзинад. Уый тыххæй пайдагонд цæудзæн стационарон æмæ къухыдаргæ æфсæйнагагурæнтæй, стæй æвзарæн участоктæ сифтонг кæндзысты видеоцæстдарды системæтæй хъæлæсгæнæн агъуыстытæ æмæ объектты алыварс.

Хицæнæй ныхас цыдис æцæгæлон адæмы ма ‘рбауадзын, æвзарæн участоктæ цы объектты сты, уырдæм, фыццаджыдæр, ахуырадон уагдæттæм. Уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæудзæн, æвзарæн къамистæм документаци куы баласой, уæд, стæй æмбæлгæ физикон уагæй хъахъхъæндзысты æвзарæн участоктæ, уыимæ, æхсæвыгон дæр.

Сергей Меняйло бафæдзæхста, нæ республикæйы фæзуаты 18 сентябры Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ цы цыппар участочы цæудзысты, уыдон хъæугæ техникæйæ сифтонг кæнын æмæ се ‘дасдзинады фарста бахынцын.

Фидаргонд æрцыдысты барадон æмæ æдасдзинады мадзæлттæ ахуырадон уагдæтты Зонындзинæдты бон. Кадджын мадзæлттæ цы скъолаты ацæудзæн 1-4 сентябры, уыдон РЦИ-Аланийы фæдысгарæг куыйтæ Уæрæсейы Национ гвардийы цæгатирыстойнаг дæлхайады инженерон-саперон хайæдтимæ басгардзысты рæмудзæн æрмæг дзы ссарыны охыл фидаргонд графикмæ гæсгæ. Уый фæстæ объекттæ хъахъхъæндзысты æнæсцухæй суткæйы мидæг.

Æмбырды архайджытæ дзырдтой, ахуырадон уагдæттæ æмбæлгæ инженерон-техникон фæрæзтæй ифтонггонд кæй не сты æмæ террористон барадхæлдтытæ иуварс кæнынмæ службæгæнджыты æдзæттæдзинады тыххæй.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, ахуырадон уагдæтты террорæй бахъахъхъæныны куыст бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыныл куыд архайынц, сæрмагонд æргом здахынц уагæвæрды домæнтæм гæсгæ объектты æмбæлгæ хъахъхъæнæн фадæттæ саразынмæ. Ныртæккæ дзы дарддæр цæуынц видеоцæстдарды системæтæ æмæ фæдисы кънопкæтæ (тревожная кнопка) саразыны куыстытæ.

Сергей Меняйло бахахх кодта, ахуырадон объекттæ хъахъхъæндзысты, æрмæстдæр бартæ кæмæ ис, уыцы хъахъхъæнæг организациты кусджытæ.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, Терроры ныхмæ къамисы æппæт уынаффæтæ æххæстгæнгæ кæй сты.

– Республикæйы цæрджыты æдасдзинад нын æппæты сæйрагдæр хъуыддаг у. Терроры ныхмæ къамис æмæ Оперативон штабы уынаффæтæ хъуамæ æххæстгонд цæуой амынд æмгъуыдтæм æнæкъуылымпытæй. Æппæт дзуапдæттæг службæтæ, объектты техникон цæттæдзинад æмæ алы мадзалмæ лæмбынæг цæстдардимæ æнгом баст у адæмы æдасдзинадимæ, – загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here