«ФАТ-АГРО»-йы наукон-практикон форум

0
16

Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта «ФАТ-АГРО»-йы наукон-практикон дунеон XIII форум. Æрбамбырд кодта наукæйы, амалхъомады, паддзахадон хицаудзинады оргæнты минæвæртты, хъæууонхæдзарадон продукциуадзджыты Уæрæсе æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй. Ацы аз форуммæ æрцыдысты нæ бæстæйы 23 регионæй, Сомихæй, Хъыргъызстанæй, Гуырдзыстонæй, Китайæ. Уазджытæ бакастысты чысыл кинонывмæ компани «ФАТ-АГРО»-йы бирæкъабазджын куысты тыххæй.

Дунеон XIII форум кадджын уагæй байгом «Альпина»-йы парчы. Форумы архайджытæн æгасцуай загъта компаниты къорд «Бавари»-йы генералон директор Битарты Зелимхан.

– Нæ форумы сæйраг нысан у картофы куыстгæнджыты иу фæзы æрбамбырд кæнын, цæмæй дæсны специалисттæ, наукон-иртасæн институтты ахуыргæндтæ Уæрæсейы регионтæ æмæ фæсарæнтæй дæр райсой фæлтæрддзинад, базонгæ уой кæрæдзиимæ, кæронбæттæны та – сæ куыст фæхуыздæр кæной. Иумæйагæй, æххæст кæнæм Уæрæсейы Хицауад нæ размæ цы хæс сæвæрдта, уый – нæ бæстæйы хойраджы æдасдзинад. Фæсарæйнаг нæ, фæлæ нæхи картофы мыггагæй хъуамæ баххæст кæнæм базарад. Нæ программæ арæзт у 2030 азмæ. Хъуамæ бацахсæм Уæрæсейы картофы мыггаджы базарады цыппæрæм хай. Абон уал ирыстойнаг мыггæгтæ сты уыцы базарадæн йæ 60 проценты, – загъта генералон директор.

РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь нæ республикæйы Хицауады номæй зæрдиаг арфæ ракодта форумы архайджытæн.

– Сæрыстырдзинад у не ’ппæтæн дæр Ирыстоны «ФАТ-АГРО»-йы хуызæн фидар куыстуат кæй ис. Картоф лæууы кæрдзыны æмрæнхъ. Абон нæ фаг кæны хъæууон хæдзарады специалисттæ, фæлæ «Бавари» куыст аразы наукæ æмæ практикæйы бындурыл, ис сæм тыхджын специалисттæ. Сæ фæлтæрддзинад рæдауæй дæттынц алкæмæн дæр. Æмгуыстад сын ис 37 регионимæ. Уый æнтыстдзинад у, – фæнысан кодта Къадзайы-фырт.

Йæ хъуыдытæ загъта «Россельхозцентр»-ы Стъараполы крайы дæлхайады разамонæг Ольга Кузнецова.

– Бæркадджын у Ирыстоны зæхх. Фыццаг хатт нæ архайын форумы. Æхсызгонæй бафиппайдтон, куыстуат куыд рæзы, уый. Стъараполы крайы дæр кæнынц селекцион куыст. Уæлдай хуыздæр нæ зæххытыл сæхи равдыстой картофы дыууæ хуызы – «Садон» æмæ «Алани». Сæйрагдæр уый у, æмæ сæм низтæ хæстæг кæй нæ цæуынц. Уый стыр æмæ парахат наукон куысты бæрæггæнæн у. Хæрзад тыллæг кæй ратдзысты нæ фæлварæн быдыртæ, уый нæ уырны, – загъта Ольга Кузнецова.

Хъуыддаджы программæйы сæйраг бынат бацахста цæлхæмбырд. Рæгъмæ рахастæуыд картофы хæрзмыггаг райсыны нырыккон технологитæй пайда кæныны фарста. Ныхас цыд фыдыбæстаг картофы хæрзмыггаг райсыныл, хъуыддагмæ нырыккон агротехнологитæ бахæссыныл, кондад ахадгæ хуызы фæфидардæр кæныныл.

Ахуыргæндтæ, практикон æгъдауæй картофы куыстгæнджытæ æвзæрстой селекцийы раззагдæр хуызтæ,  хæрзмыггаджы æрмæг æнæниздæр кæныныл, аграрон къабаз цифрон хуызмæ раивыныл, картоф æрзайын кæныны технологитæ æмæ йæ бахъахъхъæныныл, фæсарæйнаг картофы бæсты хи продукци уадзыныл, хойраджы æдасдзинадыл.

Федералон программæйы руаджы «ФАТ-АГРО» цы картофы хуызты тыллæг  æрæмбырд кодта, уыдоны ад дæр банкъардтой форумы архайджытæ. Зæгъæм, «Садон», «Спринтер», «Алани»-йæ конд хойраг рауад зæрдæмæдзæугæ, ныхас цыд, регионты сæ куыд спайда кæнæн ис, цавæр хæринæгты сфидаудзысты, ууыл.  Форумы практикон хай бацахстой цæгаткавказаг селекцион-хæрзмыггаг центр «ФАТ-АГРО»-йы кондадон объекттæ.

Уазджытæ фехъуыстой in vitro-æрмæджы клонтæкæныны нырыккон мадзæлтты, чысыл бынтæ зайын кæныны технологиты, хæххон бæрзæндты хæрзмыггаг картоф зайын кæныны тыххæй. Радзырдтой, цавæр уавæрты сæ дарынц, хъахъхъæнынц, сæ хуызтæм гæсгæ сæ куыд æвзарынц, цæй хуылфы сæ æфснайынц, уыдæттæ. Уазджытыл æхсызгонæй сæмбæлдысты компаниты къорд «Бавари»-йы кондадон бæстыхайы, «ФАТ-АГРО»-йы быдырты, федтой картофы алы хуызтæ кæм æмæ куыд зайынц, куыд сæм зилынц, уыдæттæ.

«ФАТ-АГРО»-йы наукон-практикон дунеон XIII форум кæныны хъæппæрис æвдисынц РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарады министрад, селекцион центр «ФАТ-АГРО», А.Лорхы номыл картоф иртасыны федералон центр æмæ «Картофы цæдис».

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here