Ныхас – артаджы аргъыл

0
5

Монополиты ныхмæ федералон службæйы регионалон управлени æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады разамынд фембæлдысты хицæн адæймæгты бæрны уæвæг бынæттон артаг æвгæнæн стырдæр станцæты минæвæрттимæ.

Ныхас рауад нефты продуктты уавæры æмæ артаджы æргъты фæдыл. Станцæтæ «Гефест», «Троя», «Барс»-ы разамынд куыд загътой, афтæмæй АИ-92 артаджы аргъ 100 сомæй къаддæрæй уæй кæндзысты. Афтæмæй сæхæдæг æфтиаг æппындæр нæ исдзысты. Хицæн адæймæгты бæрны уæвæг артаг æвгæнæн станцæты хицауад куыд радзырдтой, афтæмæй тагъд Монополиты ныхмæ федералон службæйы регионалон управлени æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадмæ бæдæтдзысты документтæ. Ныртæккæ станцæты цы ‘ргътæ æвæрд æрцыд, уыдонæн бындур кæй ис, уый документтæ æвдисдзысты.

Ацы гæххæттыты бæрæг дардзæн артаг балхæныны аргъ, артаг æрбадæттыны æмгъуыдтæ, товарты-транспорты уæ-
лæфтауан гæххæттытæ, æндæр хæрдзтæ – уыдæттæ кæронбæттæн фæбæрæг вæййынц артаджы аргъыл. Ныртæккæ Цæрæнуатон-коммуналон ведомствæ бæрæг кæны артаг æвгæнæн станцæтæ, артаджы аргъ æгæр бæрзонд кæм разыны, аргъы бæрзонд æмвæзад документтæй ифтонггонд куы нæ вæййы, уæд станцæйы ныхмæ карз æфхæрæн мадзæлттæ аразынц.

 Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ  энергетикæйы министрады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here