Рекультивацийы домæнтæ

0
7

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд Цæгат Ирыстоны æрдзон хъæздыгдзинæдтæй пайда кæныны фарстатыл. Æркастысты, ныридæгæн ахсджиаг чи у æмæ фидæны бæлвырд цæстдард чи домы, ахæм фарстатæм. Æмбырды архайдтой регионы æххæстгæнæн хицауады профилон ведомствæтæ æмæ цæстдарæн оргæнты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ.

Сæйраг темæ дзы уыд æрзæткъахæн бынæтты зæхх фæстæмæ сног кæныныл, рекультиваци кæй хонынц, уый. Хицауады сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы фарста домы иудадзыгон цæстдард. Алчидæр хъуамæ æнæмæнг уагæй архайа æппæт домæнтæ æххæст кæныныл.

РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадимы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, абон республикæйы фæзуаты, лицензитæ кæмæ ис, ахæм архайæг æрзæткъахæнтæ сты 78. Æрдзон хъæздыгдзинæдтæй пайда кæнынимæ баст фарстатæн дзуапдæттæн ведомствæты ’хсæн къамисы куысты рæстæг арæзт æрцыдысты рекультиваци скæныны тыххæй 32 проекты.

Алы зæххы хайæн дæр зиан цас æрхастæуыд, уый сбæрæг кæныны тыххæй «Росприроднадзор»-ы территориалон хайад сарæзта пълан-график. Уавæр бынаты сбæрæг кæныны тыххæй арæзт æрцæудзæн сæрмагонд цæугæ лаборатори. Дзанайты Барис Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадæн бахæс кодта районты разамонджытимæ иумæ дарддæр дæр кусын æрзæткъахæн организацитимæ рекультивацийы проекттæ саразыныл.

– Уый у, æдзухдæр цæстдард кæмæ цæуы, ахæм ахсджиаг фарста.  Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон хъуамæ баххæст кæнæм. Арæзт æрцыд, ацы фарстайæн дзуапп чи дæтты, ахæм  кусæг къамис. Мах æххуыс кæнæм амалхъомадæн æмæ æппæт фадæттæ дæр аразæм проекттæ царды баххæст кæнынæн. Ахсджиаг у, инвестортæ дæр сæ хæстæ куыд æххæст кæной, уый. Хъæуы иудадзыг цæст дарын, лицензитæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Уыимæ хъæуы тох кæнын, æнæзакъонæй æрдзон хъæздыгдзинæдтæй чи пайда кæны, уыдонимæ. Уый у Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад, цæстдарæн оргæнтæ æмæ районты разамонджыты иумæйаг хæс. Сæйрагдæр у æрдз бахъахъхъæныны домæнтæ æххæст кæнын æмæ экологон бæллæхтæ ма ’руадзын, – бафæдзæхста Дзанайты Барис.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here