Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаг

0
58

Федералон трассæ «Кавказ»-Р-217 фæлгæты Цæгат Ирыстоны дарддæр аразынц Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаджы 2-аг æмæ 3-аг радтæ. Æппæт хъуыддæгтæ объектыл аразынц национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы руаджы.

Фæндаджы ног 15 километрон хай райдайдзæн регионалон фæндаг Æрхонкæ-Дзуæджыхъæу æмæ А-162 трассæ Дзæуджыхъæу-Алагиры сæрты машинæтыл цæуæг адæмы ракæндзæн горæтæй æддæмæ рахизæнмæ Мæскуыйаг фæндагмæ. Арæзтады архайынц 100 специалисты, фæндаггон-аразтадон сæрмагонд техникæйы 45 иуæджы.

Нырмæ уал объекты равæрдтой зæххы фæзуаты 12 километры, йæ уæлæ – рарастгæнæн æмæ асфальт-бетоны дæллаг фæлтæртæ 8 километры. Проект царды чи уадзы, уыдон уæлдай æргом аздæхтой хæстæгдæр бынæтты цæрæг адæмы хæрзвадæттæм. Цæхæрадæтты æмбалæдтæ «Учитель», «Дарьял», «Надежда»-йы цурты сараздзысты фæрсæй-фæрстæм цæуæг фæндæгтæ къахвæндæгтимæ. Уæдæ уæзласæнты хъæрæй бахъахъхъæныны охыл æмбалад «Учитель»-ы хæдзæртты размæ сæвæрдзысты 3 километры дæргъæн хъахъхъæнæн уарттæ.

Специалисттæ бамæт кодтой экологийыл дæр, нырмæ сарæзтой 9 сыгъдæггæнæны, фæндагыл цы къæвдадоны лæсæнтæ кæла, уыдон сыгъдæггонд цæудзысты. Йæ дæргъ 15 километры кæмæн уыдзæн, уыцы фæндаг ифтонггонд у электрон тыхæй, нырмæ уал ныссагътой 830 цæджындзы, фæндаджы кæрæттæ ифтонг сты гæрæнтæй, сæвæрдтой дзы рухс иуварс кæнæг экрантæ. Талынджы цæуæг машинæты рухс тæссагдзинад не ‘взæрын кæндзæн.

Арæзтад кæронмæ фæуыдзæн 2028 азы, транзитон транспорт, уæзласæнтæ æмхуызонæй горæтæй æддæмæ рахиздзысты, уымæй нæ республикæйы центры уынгтæ фервæздзысты машинæтæй, экологон уавæр фæхуыздæр уыдзæн, æдасдзинадыл дзупп дæтдзæн. Цæмæй Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаг æнæкъуылымпы æмæ фадатджын уа, уый тыххæй аразынц нырыккон транспортон инфраструктурæ, уыдзæн дзы 3 дыууæ æмвæзадон рахизæны, ома, Æрхонкæйаг, Джызæйлаг æмæ Мæскуыйаг фæндæгтæ кæрæдзиуыл кæм æмбæлынц, уым.

Фæндагыл уыдзæн 2 тъунелхуыз рахизæны, сæ иу Мæскуыйаг фæндаджы базарадон центры цур. Уæдæ, трассæ А-162-йы Саудоны сæрты,  рацарæзтой хид, йæ рахизæнтæй иуы та фæзынд ног хид. Куыд зонут, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаджы фыццаг рад (йæ дæргъ 7 километры) цалдæр азы размæ скуыста. Бацæттæ кодтой транспортон тыргъ «Цæгат-Хуссар»-ы базæ. Уый руаджы фæзынд транспортон фидар æмæ адарддæр кодтой фæндаджы егъау арæзтады 2-аг æмæ 3-аг радтæ. Афтæмæй «Уæллаг Ларс»-æй Гуырдзыстонмæ æмæ уырдыгæй Уæрæсемæ цæуæг дунеон транзит горæты арæнтæй ахиздзæн.

Арæзтадон куыстуат «Кавказ»-ы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here