Алдымбыдтæ, хæрдгæхуыдтæ

0
8

Фæллойгæнæг адæймаг цыфæнды зын царды дæр фæрæз ары. Цардæн фæрæз ардтой нæ фыдæлтæ дæр, синтой Тимур-Тамерланы азарæй хохы цъассыты куы æрæнцадысты, уæдæй фæстæмæ. Сæ сæйрагдæр куыст ссис фосдарын. Уымæн æмæ, уæлвæз хох быдырты, рæгътыл æмæ хæхты фæхстыл цы сойджын кæрдæг зайы, уый сæ уымæ разæнгард кодта. Хуымгæндæй хъуаг æййæфтой, æмæ хорæн та табу кодтой, куыдзæн къæбæр аппарын дæр сæ зæрдæ нæ куымдта, хойрагæн «тæригъæд» кодтой.

Фосы куыст ирон адæмы хæхбæсты æфсæста хорæй,  уæлæйы дзаумайæ, къахыдарæсæй æмæ хуыссæнгарзæй  дæр. Хуыцау æмæ  йе  сконд  зæдтæ æмæ дауджыты номыл дзы кодта  нывондæгтæ,  кодта дзы  чындзæхсæвтæ  æмæ куывдтæ. Стурвос ын  лæвæрдта  урсаг:  царв,  цыхт, æхсыр,  сæ  цармæй рæхсадта къахыдарæс, хайуантæн  ифтын-дзæн дзаумæттæ. Лыстæг  фосы дæр дыгъта, фæлæ сæ фылдæр пайда  уыд  фыдызгъæл æмæ  къуымбил.  Фос æлвыдтой  афæдз  дыууæ хатты: уалдзæг æмæ фæззæг, сæгъты иу хатт — уалдзæ-джы: æлвынгæ  æмæ фасгæ дæр. Уалдзæджы æлвыд къуымбил хонынц  фист, у хъæбæр,  дæрзæг,  зын æлвисæн, хъæццултæ æмæ гобæтты  йæ  куы  бавæрай, уæд  сæ  цъæрттæй æддæмæ быры, æмæ дзы ахæмтæ  стæм  хатт  хуыдтой. Хорз  у  уæйлаг æмæ  быны нымæттæн,  æмæ  дзы æууæрстой,  уæфтой  дзытынтæ, быдтой цъындатæ, хæдæттæ. Фæззæджы æлвыд къуымбил хуыйны фæсм,  у  фæлмæн æмæ хорз  у  хъæццултæ,  гобæттæ рæтауынæн, куырæтты, хæлæфты  æмæ  хæдæтты тынæн;  цъындатæ, хъарм хæдæттæ, гуыртæ, æрмкъухтæ  æмæ  æндæр  дзаумæттæ  бийынæн.  Бирæ кæмæ уыд, уыдон дзы æууæрстой  уæйлаг  нымæттæ дæр.  Фысвос  та  минтæ кæмæ  уыд,  ахæм бинонтæ дæр  уыд.  Æмбисондæн Мины  куывд  куы  баззад — йæ  лыстæг  фос-иу  мины бæрц  кæмæн  систы,  уый-иу  æнæмæнг  Мины  куывд скодта, æмæ-иу  йæ  хъæздыджы  кой  дæрдтыл  айхъуыст.

Уæргъуын  у  уæрыччы хъуын, фыццаг хатт  дзы кæй сæлвынынц,  уыцы хъуын, æмæ у æппæтæй дæр  фæлмæндæр, æнцон архайæн: æнцон æлвисæн, бийæн; буарæн — æхцон. Йæ  тынæй фырбуцæн хуыдтой куырæттæ, чысыл сабитæн, чындздзон чызджытæн, стæй лæварæн быдтой цъындатæ æмæ æндæр уæлæйы  дарæс. Хорз  уыд нымæтхудтæ æууæрдынæн. Тинтычъи у сæгъы мидæггаг хъуын. Тинтычъи чи  дæтты,  ахæм сæгъы мыггагæй-иу  кæмæ уыд, уыдон сæ-иу уалдзæджы, цалынмæ  сыл  уарын не’рцыд, уæдмæ сæгъфасæн сæрвасæнæй ныффастой (ныр  дæр  кæнынц афтæ). Уыцы  хуызы  сæгъæй фæхицæн кæнынц, зымæг ын уазал  цæмæй  ма  уа, уый тыххæй йыл цы  лыстæг мидхъуын æрзайы, æмæ уалдзæг калын кæй райдайы,  уый. Хъистæй йæ асыгъдæг кæнынц, балвисынц æй æмæ дзы-иу раздæр тын  уафтой  басылыхъхъытæн, быдтой дзы гарузтæ,  хъарм  егъау  кæлмæрзæнтæ.  Сæгъæн  йæ  хъисхъуынæй та нæлгоймæгтæ быдтой сæхъис бæндæнтæ. Уыдон уыдысты тынг фидар. Уый тыххæй-иу уалдзæджы се ‘ппæт сæгъты дæр сæлвыдтой, æмæ æмбисондæн баззад, сæгъ æлвыдæй фидауы, зæгъгæ. Ныр басылыхъхъ ничиуал дары,  уæдæ сæхъис бæндæнтæ  дæр никæйуал хъæуынц, фæлæ ма тинтычъийæ бийынц гарузтæ, хъарм  кæлмæрзæнтæ, æрмкъухтæ, сылгоймаджы, сывæллоны  худтæ, цъындатæ. Къуымбил  стыр  ахъаз уыд хæххон зынвадат цард фæрогдæр, фæфæрæзджындæр  кæнынæн. Æмæ уыцы æххуыс  цыд  сылгоймаджы  къухтæй.  Къуымбилы  куыст æппæтæй дæр æнцад ирон сылгоймаджы уæхсчытыл,  æмæ  дзы  уый дæр æвæрдта йæ уды цæхæр, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, йæ зонды бæллын.

Йæ  уыцы рæсугъд æууæлтæ йын ноджы ирддæрæй разындысты уæлæдарæс нывæфтыдтæй рæсугъд æмæ аив кæныны. Уый тыххæй-иу рагацау æрцæттæ кодтой алыхуызон æндæхтæ цыллæйæ, тинтычъийæ, бæмбæгæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тæбын,  зæрин, æвзин æндæхтæ, бæхс-ныджытæ, синæгтæ, алыхуызон алдымбыдтæ, хъуымбылæгтæ, боцкъотæ, коцоратæ. Чызг фæсивæд-иу стырæй-чысылæй, ног чындзытæ æлвыстой, фыхтой, ахуырстой, фæлмæн кодтой, быдтой, рæхсадтой нывæфтыдтытæ æмæ аивгæнæнтæ дзаумæттыл,  уæлæдарæсыл бафтауыны размæ. Сæ хуыздæр ахуыргæнджытæ уыдысты карджын устытæ. Афтæмæй хистæрты аивадон фæлтæрддзинад  цыд  иу фæлтæрæй  иннæмæ.Сылгоймæгтæ алыхуызон нывæфтыдтытæй аив кодтой сæ худтæ,  разгæмттæ, къабатæ, кæлмæрзæнтæ, сæрбæттæнтæ,  суанг  сæ хæцъил дзабыртæ, басмахътæ æмæ ма  хъазæн чындзы  уæлæдарæс  дæр.

Уæлдай бæрнондæрæй кастыс-ты нæлгоймаджы райстбавæрды уæлæдарæсы аивдзинадмæ. Уæлдай  хахх, уæлдай фæзилæн  дзы  куыд  нæ уыдаид, йæхæдæг æдзухдæр  хъуыддагхуыз куыд  у, афтæмæй йæ хъуамæ æвдиса йæ уæлæдарæс дæр. Æнæуæлдай митæй,  æрдзон æмæ цардуагонæй.Алыхуызон нывæфтыдтытæй сын аив  кодтой сæ худтæ, хæдæттæ, басылыхъхъытæ, куырæттæ, къахыдарæс: зæнгæйттæ, хæдбынтæ æмæ дзабыртæ. Ногдзинадæй-иу  исты  куы  æрхъуыды  кодтой,  уæд æй, фыццаджыдæр, фæлвæрдтой  сæхи, стæй  та æрыгон  нæлгоймаг фæсивæды дарæсыл. Адæм-иу æй куы айстой, сæ зæрдæмæ-иу куы фæцыд, уæд дзы буц кодтой хистæрты дæр.

Сылгоймаджы уæлæдарæсы аивдзинадæн пайда кодтой зæрин æмæ æвзин æндæхтæй (сыгъзæрин æмæ æвзист æндæхтæй). Ахæм æндæхтæй хуыд хуынд цызæ хуыд. Уымæй уæлдай ма, нывæфтыдтытыл хуыдтой æрттиваг зынаргъ  дуртæ, фæрдгуытæ,  хæрдоджытæ, пæратæ (аппликаци). Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы  уæлæдарæсыл, дзаумæттыл алыхуызон нывтæ æфтыдтой алыхуызон  фæрæзтæй. Андиаты Регинæ æмæ Барис сæ чиныг «Осетинский орнамент»-ы амонынц афтæ: рæхысхуыд, цæгхуыд, уæлæфтаухуыд,  хæрдгæуафгæбыд, хъуымбылхуыд, кæнæ æгънæгхуыд, быднывæфтыд, хæрдгæхуыд  æмæ хæрдгæнывæфтыд. Алдымбыдтæ  быдтой рагацау цалдæргай æндæхтæй.  Уыдысты-иу ахæмтæ: синагбыд, каубыд, тъæпæнбыд,  тымбылбыд, зæринбыд, æвзинбыд. Быдтой  сæ фæсмын, тинтычъи, зæлдаг, зæрин, æвзин æмæ æндæр æндæхтæй. Бийæгæн йе ‘ххуысгæнæг хуындис къуырцгæнæг. Алыхуызон алдынбыдтæ бийынмæ-иу арæхстысты суанг рæзгæ нæлгоймаг фæлтæрæй иуæй-иутæ. Ирон нывæфтыд,  уæлдайдæр  та  уæлæдарæсыл нæ ферох, рæзгæ фæлтæрæн æй абон дæр ма сæрмагонд  къордты амонынц, йæ  фыдæлты хорз фæлтæрддзинадыл  иузæрдион чи у, сæ фарн сын  дæлæмæ  чи нæ уадзы, ахæм фæзминаг хистæртæ.

Цгъойты Хазби

«Æлутоны»-ы фарсæй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here