Къамисы уæнгтæ – сфæлдыстадон кусджытæ

0
8

Чысыл сфæлдыстадон коллектив кæм бамбырд, базонгæ уæ кæндзыстæм хайады уыцы 250-æм æвзарæн къамисы уæнгтимæ.

Командæйы чи ис, уыцы æхсæз адæймагæй алкæмæн дæр йæ куыст баст у культурæ æмæ сфæлдыстадимæ. Литературон журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ у амынд æвзарæн къамисы сæрдар. Оксанæимæ иумæ командæйы уæнгтæ сты: Æлборты Аланæ, режиссер Хъараты Аланæ, телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы амонæг Моргуаты Ладæ, «Мах дуг»-ы кусджытæ Къелойты Альбинæ æмæ Æлборты Дианæ. Хабæрттæ æмбæлгæ уагæй радзурынмæ æмæ бацамонынмæ чи арæхсы, адон сты ахæм адæймагтæ.

Амынд æвзарæн къамисы бæрны чи ис, уыцы цæрæнуæтты дзæвгар хай дыргъдон цæхæрадæтты æмбалæдтæм кæй хауы, уый нымайгæйæ, къамисы уæнгтæм стыр баххæстгæнинаг куыст æнхъæлмæ кæсы. Хатгай æвзарæн къамисы уæнгтæ æвзарджыты зынтæй ссарынц.

Æрвылбон адæмимæ ныхас кæнгæйæ, хабæрттæ чи агуры, æвзарæн къамисы уыцы уæнгтæ сæ куысты хæстæ æнæлазæй кæй баххæст кæндзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here