0
32

Тох цæуы аивадон æрмадзтыл

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы минæвæрттимæ. Сæ ныхас уыд, Дзæуджыхъæуы Кировы уынджы цы аивадон æрмадзтæ ис, уыдоны тыххæй. Ныр цалдæр азы тох цæуы, кæй исбон сты, ууыл.

Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз, УФ-йы Адæмон нывгæнæг, РЦИ-Аланийы Адæмон нывгæнæг Челæхсаты Маг-рез, УФ-йы Сгуыхт нывгæнæг, РЦИ-Аланийы Адæмон нывгæнæг Джыккайты Мурат æмæ Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг Дзиуаты Земфирæ.

Бæстыхай арæзт æрцыд 80-æм азты кæрон, куыд сфæлдыстадон æрмадзтæ æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон исбонадæй лæвæрд æрцыд лæвар æмæ æнæкæронæй пайда кæнынæн Нывгæнджыты цæдисæн. Фæлæ, Мæргъиты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, 2013 азы куыд сбæрæг, афтæмæй бæстыхай æнæзакъонæй мæнг документтæм гæсгæ æрцыд приватизаци æмæ уæйгонд. Уæдæй нырмæ æрмадзтæ цалдæр хатты уыдысты хицæн адæймæгты къухы, нывгæнджытæ та сæ бартыл тох кæнгæйæ тæрхондæттæ æмæ алы-хуызон инстанциты дуæрттæ хойынц.

Сергей Меняйло куыд бахахх кодта, афтæмæй æххæстгæнæг хицаудзинады регионалон оргæнтæ сæ барты фæлгæты æппæтвæрсыгæй баххуыс кæндзысты Нывгæнджыты цæдисæн, закъоны бындурыл йæ бартæ сраст кæныны хъуыддаджы. Республикæйы Сæргълæууæг бæрнон адæмæн бафæдзæхста, Цæгат Ирыстоны прокуратурæмæ курдиат бацæттæ кæнын æмæ сбæрæг кæнын, бæстыхай æнæзакъонæй хицæн адæймæгты къухмæ цæмæн бахауд, уый. Уыцы фарста сбæрæг кæныны хъуыддаджы архайдзæн РЦИ-Аланийы Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахаст-дзинæдты министрад дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here