Уæрæсейы Наукæты академийы паддзахадон службæ æмæ разамынд дæттыны институты размонæг Руслан Карчагин йæ студенттимæ бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстон. Президентон академийы студенттæ сты «Фыдæлтыккон къахвæндаг: рæстæг кæй сбæрæг кодта, уыцы разамынд»-ы проекты архайджытæ.
Хъуыддаг бантыст Уæрæсейы Адæмты иудзинады бонæн конд нысанты фæрцы. Ацы ран Цæгат Ирыстон у, бæстæйы регионтæ кæм æрбаиу сты, ахæм сæйраг бынат. Раздæр уал уазджытæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Республикæйы разамонæг стыр æргом здахы бæстæйы раззагдæр ахуыргæнæндæттимæ бастдзинæдтæ саразынмæ, фæсивæды хъæппæристæн аргъ кæны, патриотизм æмæ удварны-хæрзæгъдаудзинады хъомыладмæ у къæрцхъус.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæ æмæ Президентон академийы ‘хсæн сфидар сты æмбаргæ ахастдзинæдтæ. «Кусы нæм академийы минæварад, архайæм хорз цæттæгонд специалисттæй кадрты фарста алыг кæнын», – загъта Сæргълæууæг. Мæскуыйаг уазджытæн бацæттæ кодтой мидисджын программæ: уыдон хъыгзæрдæйæ федтой Беслæны «Зæдты горæт», террористон акт бавзарæг скъола, Дæргъæвсы некрополь, Алайнаг моладзандон, национ хæринæгтæй сахуыстой, Дзæуджыхъæуы историон хайыл æрзылдысты.
Уый фæстæ «Фыдæлтыккон къахвæнгдаг: рæстæг кæй сбæрæг кодта, уыцы разамынд»-ы проекты архайджытæн академийы минæварады кæрты скодтой стратегион сесси. Рæгъмæ рахастæуыд Уæрæсейы адæмты иудзинад æмæ удварны-хæрзæгъдаудзинады хæзнатæ экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ куыд лæууынц, уыцы темæ. Амыдтой йæ Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан, Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады хайады разамонæг Цæллагты Артур.
Сессийы архайджытæ дзырдтой æхсæнадон разыдзинадыл, удварныæрзæгъдаудзинады хæзнатыл, нырыккон тæссагдзинæдтыл, фæсивæды ‘хсæн цавæрдæр знæт фæзындтытыл, регионты хуыздæр практикæтыл. Президентон академийы минæварад æппынæдзух дæр вæййы федералон æмæ регионалон ахуырадон хуызты ‘хсæн бастдзинады, хъæппæристы фарс.
Президентон академийы регионалон минæварады пресс-службæ














