Тарнизы ныхмæ архайды ведомствæты ‘хсæн республикон къамис, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй сбæлвырд кодта низы ныхмæ архайды мадзæлтты нысантæ.
Нæ республикæйы Фтизиопульмонологийы клиникон центры сæйраг дохтыр Кобесты Николай куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны тарнизы уавæр хуыздæрæрдæм ивы. Æртæ азы дæргъы нæ республикæйы ацы низæй рынчынты бæрæггæнæн бирæ ныллæгдæр у нæ бæстæйы иннæ регионтимæ абаргæйæ. Афтæ зæгъæн ис, тарнизæй рынчын сывæллæттæ æмæ æнахъомты бæрæггæнæнæй дæр. Докладгæнæджы раныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны тарниз хæлиу кæныны ныхмæ биноныг æмæ ахъаззаг куыст цæуы: низ сбæрæг кæнынæн æххæстгонд цæуы фыццагон медицинон æмвæзадыл архайд, ис æппæт хостæ дæр. Йæ хъарутæ æмæ æнæниздзинад лæмæгъ кæмæн сты, цæуынхъом чи нæ у, уыцы адæймæгтæм та дохтыртæ сæ хæдзæрттæм цæуынц, цæмæй сын низ сбæрæг кæныны тыххæй лæггæдтæ бакæной.
Æмбырды ма хицæнæй æркастысты, ВИЧ-инфекцийы ныхмæ мадзæлттæ аразыны фарстамæ дæр. Нæ республикæйы СПИДы ныхмæ тохы æмæ профилактикæйы республикон центры сæйраг дохтыр Тауаситы Валерийы амындмæ гæсгæ, рынчынты 99 проценты исынц вирусы ныхмæ терапийы лæггад. 2026 азы фыццаг æмбисы фæрынчын уæвæг адæмы нымæц бирæ къаддæр уыдис, дарддæр профилактикон куыст цæуы æппæт кары адæмимæ дæр. Дзанайты Барис бахæс кодта архайд фæтыхджындæр кæнын:
Æнæмæнг, хъæуы дарддæр архайын тарниз æмæ СПИДы ныхмæ профилактикон куысты мадзæлттыл. Нæ республикæйы уавæр фæхуыздæр, нæхи цæстæй йæ уынæм, фæлæ нырма бирæ фарстатæ ис, æххæст кæнын кæй хъæуы, ахæмтæ. Ацы куыстмæ æрбаздахын хъæуы нæ республикæйы Мыхуыры фæрæзтæ æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитет, цæмæй оперативонæй адæммæ хæццæ кæной, цы мадзæлттæ ис низ рагацау сбæрæг кæнынæн, уыцы хъусынгæнинæгтæ.
Саутæты Тамилæ














