Энергофæрæзтæн афойнадыл фидын

0
32

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис сарæзта æмбырд хардзгонд энергофæрæзтæн – электрон тых æмæ газæн афойнадыл æмæ æххæстæй фидыны мадзæлттæ æххæст кæныны тыххæй. Ныхас дзы цыд, финанстæ республикон æмæ бынæттон бюджеттæй чи исы, уыцы организацитыл.

Хардзгонд коммуналон фæрæзты банымады бындурон æркаст бацæттæ кодтой республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ фæрæзтæ дæттæг организациты разамонджытæ. Куыд сбæрæг, уымæ гæсгæ фиддонты уавæр ныртæккæ у нывыл.

Æмбырды æркастысты ахсджиаг фарстатæм, арæзт æрцыдысты уæлæмхасæн цæстдарды æмæ æмгуыстады механизмтæ фиддонтæ афойнадыл исынæн. Уый тыххæй ис РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы сæрмагонд фæдзæхст.

– Хардзгонд коммуналон фæрæзтæн бафидыны финанстæ алы организацийы бюджеты дæр ис. Бæрæггæнæнтæ хорз сты, нæ къухы бафтыд æнтыстдзинæдтæ. Фæлæ ма дзы баззад лыггæнинаг фарстатæ дæр. Æнæмæнг хъæуы хæстæ баххæст кæнын. Разæй фæззыгон-зымæгон рæстæг. Ныртæккæ æппæт цæттæгæнæн куыстытæ дæр афонæй раздæр æххæстгонд цæуынц, – загъта Дзанайты Барис.

Гæбуаты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here