Федералон льготниктæн зонинаг

0
60

Æхцайы  æрвылмæйон фиддæнтæ исыны  бар кæмæ ис, ахæм федералон льготниктæн ис, ацы азы 1 октябры æмгъуыдмæ курдиат барвитгæйæ, иннæ азæн социалон лæггæдты къорд райсыны хуыз равзарыны фадат.

Цæгат Ирыстоны чи цæры, чысыл хъуагæй 75 мин уыцы федералон льготниктæй ныртæккæ 23 мин адæймаджы социалон лæггæдтæ исынц натуралон уагæй.

Социалон лæггæдты къордмæ хауынц рецептмæ гæсгæ рафыст хостæй ифтонгад, санаторон-курортон дзæбæхкæнынад, регионы территориыл поездæй лæвар цыд. Льготникмæ ис амынд лæггæдтæ натуралон уагæй, науæд та сæ бæсты æхца райсыны бар. Зæгъæм, хостæ райсæн ис натуралон уагæй, транспортæй цыд æмæ санаторон-курортон дзæбæхкæнынад та баивæн ис æхцайы компенсацийæ.

Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад федералон льготниктæн фæдзæхсы социалон лæггæдты къорд райсыны хуыз равзарыны хъуыддагыл биноныг ахъуыды кæнын. Амынд рæстæгмæ лæггæдтæ натуралон уагæй райсыны  бæсты æхцайæ эквивалентæй баивын кæй нæ бафæнда, уыцы льготникмæ иннæ аз йæ равзæрст баивыны бар нæ уыдзæн.

– Ныртæккæ социалон лæггæдты къорд исыны хуызæй разы чи у æмæ ацы хуыз ивын кæй нæ фæнды, уыцы адæймагыл махмæ курдиат æрвитыны хæс æвæрд нæй. Социалон лæггæдты къорд исыны хуыз фæивыны фæнд чи скодта, уыцы льготникы хæс у 1 октябры æмгъуыдмæ портал «Госуслуги»-йы «Личный кабинет»-ы фæрцы республикон хайады клиентон службæмæ, кæнæ бирæкъабазджын центрмæ комкоммæ бацæугæйæ, курдиат барвитын, – зæгъы Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.

Фиппаинаг: социалон фиддæн æнæ курдиатæй кæмæн сæвæрдтой ахæм инвалидтæн социалон лæггæдты къорд сфидар кæнынц натуралон уагæй. 2023 азы 24 июлы фæстæ социалон фиддæн кæмæн сæвæрдтой, хæстон архайды ахæм ветерантæн социалон лæггæдты къорд æхцайæ кæй сфидар кæнынц, уый нымайгæйæ, ацы адæймæгты хæс у социалон лæггæдты къорд натуралон уагæй раттыны фæдыл курдиат барвитын.

Ацы азы 1 февралæй фæстæмæ социалон лæггæдты къорды аргъ у мæймæ 1825,25 сомы. Ацы æхцайы бæрцыл æрвылаз æфтауынц.

Иумæйаг контакт-центр: 8-800-10-00-01 (телефонæй фæдзурæн ис лæвар, регионалон линийы куысты фæтк: къуырисæр-цыппæрæм 9 сахатæй 18 сахатмæ, майрæмбон – 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минутмæ).

УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here