Зындгонд куыд у, афтæмæй 2024 азæй фæстæмæ Мæздæджы 3-æм скъолайы бавнæлдтой æнæтæхæг авиацион системæты аппараттæ ахуыр кæнынмæ. Уыдæттæ къухы бафтыдысты æнæтæхæг авиацион системæты аппараттимæ баст национ проекты фæрцы.
Проекты фæлгæты скъоладзаутæ бæлвырд ахуыр кæнынц æнæтæхæг авиацион системæты аппараттæ, се сконд, сæ куысты фæтк, зонгæ кæнынц аппаратты тахтимæ, разамынд сын дæттынимæ. Уыдæтты фæрцы ахуырдзаутæ се ‘ргом аздæхтой нырыккон техникон фæрæзтæм. Къорды ис 117 ахуырдзауы.
Ахуыры азы кæрон скъоладзаутæн æппæт хъуыддæгтæ амонын райдыдта хæстон фæлтæрддзинадимæ хæстон-патриотон хъомылады фарстатæн бæрнон, директоры уынаффæгæнæг Рамиз Ильязов. Уый практикон æгъдауæй амоны æнæтæхæг авиацион системæты аппаратты хицæндзинæдтæ, ахуырдзаутæ свæййынц практикон фæлтæрддзинæдты хицæуттæ.
Къорды ахуыргæнæг куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ тынг разæнгардæй архайынц, æнæтæхæг авиацион системæты аппараттæ сæм æвзæрын кæнынц цымыдис ахаст. «Сывæллæттæ ног зонындзинæдтæм сты къæрцхъус, аппараттæн разамынд дæттыныл ахуыр кæнынц, аргъ кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад сæм фæзынд. Зонындзинæдтæ райсынæй уæлдай ма сæ практикон æгъдауæй дæр æвдисынц. Техникон сфæлдыстадмæ, нырыккон технологитæм дарддæр дæр æргом здахдзыстæм», – фæбæрæг кодта директоры уынаффæгæнæг.
Ахæм ахуыртæ сывæллæттæн хорз ахъаз хæссынц, сæ техникон хъуыдыкæнынад рæзы, нырыккон технологитыл хæст сты.
Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ














