Арв сæгъы цæстау — дзыхъхъирд. Хуры хæрдгæ тынтæ кæмтты, дымд цæхæрау, сæрттивын кодтой, раст дзы, цыма, зæдтæ æрбадтысты æмæ бæстæ сæ рухсæй ныррухс. Раздæр-иу галтæ, уæрдæттæ сæ фæстæ æрхъу-æрхъугæнгæ кæм ластой, сæтæлджытæ сæ хъузджытæ сæ фæстæ ласæгау уыцы фæндагыл ныр айк дæр атулдзæн. Хæдтулгæтæ сæ дыууæрдæм зыгъгъуытт кæнынц. Фæлæ абон æрмæст иуæрдæм тындзынц — Нармæ. Тындзынц Ирыстоны цæрджытæ Хуссарæй Цæгатмæ æд сывæллæттæ, хицауæй, хицонæй, æцæгæлонæй… Фæлæ нæ номхæссæн, нæ сомыгæнæн Къостайы сфæлдыстад зынаргъ кæмæн у, уыдонæй æцæгæлон ничи у, иууылдæр нæхи сты.
Нар зæдбадæн у, уæдæ цы у?! Ацы нарæг, уынгæг комæй ирон адæмæн сæ зæдыхай Къоста стахт поэзийы сыгъзæрин базыртыл æмæ сæ байтыгъта æнæхъæн дунейыл дæр:
Весь мир — мой храм,
Любовь — моя святыня,
Вселенная — Отечество мое…
О, адæм сæ тыхст æмæ уырыд рæстæджы сæхи Къостайыл бафæдзæхсынмæ æрцæуынц. Йæ «Ирон фæндыр» зæрдæйы ристæй фыст у, кæд дзы фылдæр «йæ кæуынхъæлæс» хъуысы, уæддæр йæ хъарджытæ дæр сты ныфсы хос. О, «Ирон фæндыр» Къостайæн йæ судзгæ цæссыгтæй, йæ зæрдæйы тугтæй фыст кæй у, йæ рæнхъытæ дæр адæймаджы зæрдæйы иннæрдæм уымæн хизынц, адæм дæр сæ сæ тыхст фарстытæн уымæн агурынц дзуаппытæ. Мæ фыдыфыд Бола дæр йæ нывæрзæны бын, хæзнайау, дзæгъæлы нæ дардта Къостайы «Ирон фæндыр». Йæ кæстæртæн уыдис зонды, зæрдæйы рухс хæссæг, хъомылады фæрæз.
Кæд дыууæ Ирыстоны сæ хъысмæт фæхицæн кодта æмæ хордзены, дыууæ цæстау, хæхты фæйнæфарс æрæнцадысты, уæддæр цæрæнбонты, хæхты сæрты кæрæдзийы уындмæ бæлгæйæ, сæ цин дæр иу уыд æмæ сæ хъыг дæр. Æмæ адæммæ кæсгæйæ, фыццаджыдæр, цæуыл ахъуыды кодтон, уый — Къостайы «Балцы зарæг»-ыл…
Цæйут, æфсымæртау,
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ.
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй.
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй.
Растдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг
Гъе мардзæ, магуса,
Фесæф нæуæндаг!
Мах бирæ зын фæлварæнты сæрты ахызтыстæм, фæлæ нын Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстад æдзухдæр уыдис ныфсы хос. Къоста æппæт фæлтæрты фаг дæр у, уымæн æмæ Гени æппæт рæстæджытыл дæр æххæссы. О, йæ ныстуантæ йын хъуамæ æххæст кæнæм, хъуамæ нæ туджы ацæуа нæ диссаджы нæртон ирон æвзаг, фæлæ нæхи, бидыры хъазау, уæлгоммæ похциаппарæм, уый бар нын нæй. Къоста йæ адæмы фарнæй фæрнджын фæци, фæлæ уыцы фарныл фарн бафтауыны тыххæй, мыдадзын цырагъау басыгъдис: «Нæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ, кæд мын зынаргъ ысты раст амондау, уæддæр мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд, сæрибар цардмæ. Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ».
О, Къоста кæд, мыдадзын цырагъау, батади йæ адæмы сæрвæлтау, уæддæр æдзухдæр йæхи хæсджыныл нымадта йæ адæмы раз:
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.
Афтæ хъуыды кодта Къоста æмæ абон мах дæр хъуамæ ахæм зондимæ цæрæм, ома, нæ хъуамæ алчидæр йæхи хæсджыныл нымайа йæ адæмы раз. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, стыр лæгæн йæ рæдыд дæр стыр у. Иунæг рæдыд фæкодта Къоста, мæнæ афтæ куы фыста, уæд:
Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард.
Рухсаг у, рухсаг, зæгъдзыстут, —
Ницæмæнуал уыд дæ цард.
Зонын, æргæвддзыстут исты,
Мардыл ма чи дары ком.
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,
Ничиуал зондзæн мæ цырт».
Стыр лæг æдзухдæр йæхи фефхæры, суанг искæй рæдыд дæр йæхи рæдыд хоны. Йæ удæн хур никуы фенын кодта Къоста, фæлæ абон йæхи хурæй рухс у, йæхи хурæй хъарм у нæ удты цард. Ахæм лæгæн та мæлæт нæй. Гъе уымæ гæсгæ йæхи ныхæстæ хауынц йæхимæ дæр:
Дæ кад мыггагмæ у цæринаг,
Дæ цард гъеныр дæр у сæдæ.
Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,
Дæ мæсыг амайын фæдæ.
Хур фæсхохмæ йæхи æриста. Нары Поты фæзы фæсабыр хъæлдзæгдзинад, фæлæ ма бирæты ардыгæй сæ къах уæддæр нæ хаста.
Цард фæндаг у, фæндаг та балцæн у, æмæ Къостайы «Балцы зарæг» заргæ бæллиццагдæр фидæнмæ куыд тындзæм, ахæм амонд нæ уæд. Къостайы фарн нын нæ къæсæртæ, фидиуæгау, хойæд, фæлæ йæ хойынмæ нæхи ницыхъусæг, ницы уынæг, ницы зонæг куыннæ скæнæм, æмæ йын цæстырухсæй, зонды æмæ зæрдæйы рухсæй нæ дуæрттæ гомæй цы дарæм, ахæм амонд дæр нæ уæд.
АБАЙТЫ Эдуард














