Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО видеобастдзинады руаджы архайдта Терроризмы ныхмæ национ комитеты æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр БОРТНИКОВ.
Ныхас цыд Цæгат Кавказы федералон зылды муниципалон æмвæзады фæсивæдимæ профилактикон куысты фарстатæ нывылдæр кæныныл. Æмбырды ма архайдтой Терроризмы ныхмæ национ комитеты уæнгтæ, Уæрæсейы Федерацийы генералон прокурор, хицаудзинад æххæстгæнæг федералон профилон оргæнты разамонджытæ, терроризмы ныхмæ къамисты сæрдартæ, федералон зылдты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын минæвæрттæ, сæрмагонд службæты æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ.
Æмбырд гом кæнгæйæ, Александр Бортников куыд загъта, афтæмæй Цæгат Кавказы федералон зылды профилактикон разæнгард куысты фæрцы террористон фыдракæндты нымæц фæкъаддæр. Терроризмы ныхмæ къамистæ хорз бацархайдтой регионы информацион тыгъдад бахъахъхъæныны тыххæй. Афтæ, ацы азы райдайæнæй æхгæд æрцыд, терроризм парахатгæнæг æмæ алы адæмыхæттыты ‘хсæн быцæудзинад тауæг цыппар мин интернет-ресурсæй фылдæр, стæй ма украинаг сæрмагонд службæтæ æхцайæ кæмæн æххуыс кодтой æмæ террористон фыдракæндтæ аразынæн адæмæн æхца чи фыста, ахæм интернет-фæзтæ.
Ацы хъуыддаджы гуырысхойаг ахуырдзауты рагацау æргом кæныны фæрцы иуæй-иу скъолаты æнахъомтæн се ‘ргом террористон фыдракæндтæ аразыны цаутæ рагацау сбæрæг сты. Профилактикон мадзæлттæ ноджы фылдæр аххæссыдысты, «уæгъд» чи у, ахæм фæсивæдыл. Уыдонæн се ‘ргом арæхæй-арæхдæр здæхт цæуы культурон, патриотон æмæ бархион архайдимæ баст проекттæм.
Фæлæ уæддæр терроризмы ныхмæ архайыны хъуыддаг Цæгат Кавказы хуымæтæг нæу. Террорис-тон организацитæ æмæ украинаг сæрмагонд службæтæ сæ знаггадхæссæг пропагандæ æмæ фыдмитæ нæ къаддæр кæнынц, сæ ных комкоммæ арæзт у æнахъомтæм æмæ фæсивæдмæ.
Ацы азы райдайæнæй Цæгат Кавказы федералон зылды кæрон æвæрд æрцыд террористон фыдгæнæг 33 къордæн. Теракттæ цæттæ кæныны, сæ аразынæн æхца дæттыны, терроризм парахат кæнын æмæ йæ фарс хæцыны тыххæй ахст æрцыд 260 адæймаджы. Сæ фылдæр сты, 20 азы дæр кæуыл нæма сæххæст, ахæм æрыгæттæ æмæ æнахъомтæ. Уымæ гæсгæ уавæр домы фæсивæдимæ профилактикон куыст Цæгат Кавказы нывылдæр кæнын æмæ, фыццаджыдæр, – муниципалон æмвæзадыл. Фæсивæдимæ бынæтты хъомыладон комкоммæ куыст, адæймагæн йæ царды сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр цы у, уыцы бындуртыл сæ æфтауын – æрмæстдæр уыцы хуызы ис схъомыл кæнын, нæ фидæн кæмæ æнхъæлмæ кæсы æмæ Райгуырæн бæстæ чи уарзы, аккаг ахæм кæстæрты.
Терроризмы ныхмæ къамистæ хъуамæ архайой профилактикон æппæт мадзæлттæй дæр, террористон фæзындтытæ æмæ уыимæ баст цæстæнгас æрыгæтты ’хсæн цæмæй ма парахат кæной, уый тыххæй. Скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты хъомыладон куыст хуыздæр арæзт цæмæй уа, уый тыххæй фылдæр æргом аздахын хъæуы педагогты æмæ муниципалон æмвæзады специалистты профессионалон æгъдауæй цæттæ кæныны фарстамæ, регионалон æмæ муниципалон оргæнты, стæй профилактикæйы æппæт субъектты æмархайд нывылдæр кæнынмæ.
Æмбырды кæронбæттæн йæ архайджытæ сфидар кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды фæсивæдимæ куыст нывылдæргæнæг æмæ терроризмы профилактикæйы архайдыл дзуапдæттæг æппæт æмвæзæдты разамонджыты бæрнондзинад карздæргæнæг мадзæлттæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














