Æдасдзинад æмæ социалон-экономикон рæзт

0
19

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО, Ныхас дзы цыд республикæйы зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ æмæ социалон-экономикон фарстатыл. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæтæ, Дзæуджыхъæуы муниципалон районты разамонджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны ивгъуыд къуырийы дæргъы æвирхъау цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. 22 октябры Горæтгæрон районы Новое хъæуы иу хæдзары срæмыгъта газ. Бинонтæ æхсæзæй, уыдонæй фондз – сывæллæттæ, баййæфтой хъыгдард æмæ сæ аластой Назраны рынчындонмæ.

Республикæйы Сæргълæууæг бæрнон ведомствæтæн бахæс кодта сбæрæг кæнын, фыдбылыз цæй æмæ кæй аххосæй æрцыд, уый.

– Цæгат Ирыстоны дыууæ районы: Горæтгæрон æмæ Мæздæджы 14 хъæуы нырма тæссаг у зынгсирвæзтытæй, уымæ гæсгæ дзы æххæстгонд цæуы сæрмагонд уавæр. 19-25 октябрмæ ахуыссын кæнын бантыст 7 зынгсирвæзты, уыдонæй дыууæ – хус кæрдæг. Регионы сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæрты. Цæгат Ирыстоны Автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 105 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 28 адæймаджы, иу дзы фæмард ис. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 238 автотранспортон иуæджы. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл къуырийы дæргъы дыууæрдæм ахызтысты 23 мин автотранспортон иуæджы æмæ 55990 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы ахуыссын кæнын бантыст 23 зынгсирвæзты, уыдонимæ – хус кæрдæджы сыгъд дæр. Ноджы ма дарддæр агуырд цæуы æбæрæгæй фесæфæг турист. 1973 азы гуырд гражданин Мурашкин 14 октябры иунæгæй араст Хъазыбеджы хохы цъупмæ. Арæзт цæуынц æппæт мадзæлттæ дæр йе ссарынæн, фæлæ, боныхъæды уавæртæ кæй февзæр сты, уый аххосæй вертолетæй спайда кæнæн нæй.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 19-25 октябрмæ республикæйы æрцыд 152 фыдракæнды. Раргом кæнын дзы бантыст 97. Къуырийы дæргъы æбæрæг фыдгæнджытæ дыууæ ахуыргæнæндонмæ барвыстой хъусынгæнинæгтæ террористон акты тыххæй. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ хъусынгæнинæгтæ мæнг разындысты. Дарддæр арæзт цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайад куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. ОРВИ-йæ рынчынты нымæц, æрвылазон бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, у 30,7 проценты къаддæр. Ахуыргæнæндæттæ æмæ рæвдауæндæтты алы райсом дæр цæстдард цæуы сывæллæтты æнæниздзинадмæ. Ног коронавирусон инфекци разынд æртæ адæймагмæ, грипп – иу адæймагмæ.

Сергей Меняйло æмбырды радзырдта, республикæйы Клиникон рынчындонмæ 89-аздзыд Гуырдзыстонæй æрбацæуæг сылгоймаджы кæй æрбаластой, уыдис æм æрмæст Советон Цæдисы паспорт. Уымæ гæсгæ йæ бон медицинон æххуыс райсын нæ уыд, цалынмæ хабар республикæйы Сæргълæууæгмæ нæ бахæццæ, уæдмæ.

– Дохтыртæ хъуамæ æнæмæнгæй баххуыс кæной алы рынчынæн дæр, рæстæг документтыл нæ хардз кæнгæйæ. Уæ зæрдыл дарут, адæймаджы цард документтæй зынаргъдæр кæй у, уый, – загъта регионы разамонæг.

Цæгат Ирыстоны прокуратурæ куыд сбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы районты 85 скъолайы, рæвдауæндоны æмæ Культурæйы хæдзæртты директортæ, куысты бынæттæм сæ хæстæджыты райсгæйæ, дзуапп ратдзысты закъоны раз. 9 разамонæджы дзы хъуамæ ист æрцæуой сæ куысты бынæттæй – æууæнкдзинад фесафыны фарстаимæ, 35-имæ та – бадзырд фехалгæйæ.

Сергей Меняйло бæрнон ведомствæтæн уый фæдыл бафæдзæхста бæлвырддæр æркæсын ацы фарстамæ.

– Уыдон иууылдæр дæсгай азты кусынц сæ кусæн бынæтты, сты, адæм аргъ кæмæн кæнынц, ахæм разамонджытæ. Фарстамæ лæмбынæгдæр æркæсут æмæ уавæры тыххæй æппæт документаци дæр ме стъолыл куыд уа, афтæ, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур æмбырды фехъусын кодта, бензин республикæмæ фаг кæй цæуы, шофырты рады лæууын кæй нал хъæуы, уый. Уый фæдыл Сергей Меняйло ведомствæйæн бафæдзæхста бензин уæй кæныны гæрæнтæ сисын æмæ уый тыххæй официалон æгъдауæй фехъусын кæнын.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here