Цæгат Ирыстоны депутаттæ – Хъырымы

0
21

Ацы бонты Ялтæйы, Ливадиаг галуаны йæ куыст кодта Хуссар-Уæрæсейаг юбилейон, 45-æм парламентон ассоциаци. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ Ассоциацийы уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, йæ хæдивæг ГУТНАТЫ Аслæнбег æмæ Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар ЧЕРЧЕСТЫ Аслан.

Ассоциацийы куысты архайдтой Уæрæсейы Хуссары 13 регионы, стæй Абхазы Республикæйы минæвæрттæ. Юбилейон форумы боны фæткы уыд 60 закъонæвæрынадон хъæппæрисы бæрц.

Дарддæр куыста Ассоциацийы Совет. Уым парламентон делегациты разамонджытæ сфидар кодтой пленарон æмбырды кæронбæттæн боны фæтк æмæ бафыстой парламентты ‘хсæн æмгуыстад фидардæр кæныны фæдыл бадзырд.

Уæлдай ахсджиаг уыд, Цæгат Ирыстоны Парламент æмæ Краснодары крайы Закъонæвæрынадон Æмбырд се ‘хсæн Бадзырд кæй кæй бафыстой, уый. Сæ къухтæ йыл сæвæрдтой закъонæвæрынадон дыууæ оргæны разамонæджы – Тускъаты Таймураз æмæ Юрий Бурлачко. Документы ахсджиагдзинадыл ныхас кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта:

– Цæгат Ирыстон æмæ Краснодары край рагæй дæр æнгом баст сты хæлардзинад æмæ æмгуыстады фидар тæгтæй. Ууыл дзурæг сты историон цаутæ æмæ нæ адæмы хъысмæттæ. Бадзырд махæн у æмгуыстады бындур. Закъонæвæрынадон архайдæй уæлдай нын уый дæтты кæрæдзийы хуыздæр базоныны фадат. Фидæныл ныхас кæнгæйæ, абоны кæстæр фæлтæрæн фидар кæнæм сæ удварны хуыздæр миниуджытæ, нæ фæлтæрддзинадæй сын хай кæнæм, нæ цытджын бæстæ уарзын кæй хъæуы, уый сын æмбарын кæнæм. Уый уæлдай ахсджиаг у ныр, Адæмты иудзинады аз.

Конференцийы боны фæткы фарстатæн сæ фылдæр уыдысты социалон цардимæ баст хъæппæристæ. Парламентаритæ равзæрстой сывæллоны райгуырд æмæ йæ хъомыл кæныны тыххæй æрвылмæйон пособи фидыны уагæвæрд, стæй, исбон кæмæн ныууадзынц, уыцы бирæсывæллонджын бинонты уый фæдыл гæххæттытæ аразыны тыххæй фиддонæй суæгъд кæнын æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æндæр социалон æххуыстæ.

Хицæн къордæй амынд уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæ, æфсæддонтæ æмæ ветеранты социалон реабилитаци, фæсивæды патриотон хъомылад æмæ æндæртæ.

– Регионтæ конференцийы архайджыты размæ рахастой ахсджиаг хъæппæристæ – экономикæ, амалхъомад, хъæууон хæдзарад, социалон æмæ царды æппæт къабæзты дæр. Цы закъонæвæрынадон уынаффæтæ рахастам, уыдонæй бирæ аразгæ уыдзæн Уæрæсейы регионты дарддæры рæзт, – загъта Тускъаты Таймураз.

Юбилейон форумы программæ ацы хатт арæзт æрцыд канд хъуыддаджы фембæлдтытæй нæ, фæлæ культурон цаутæй дæр: делегацитæ бабæрæг кодтой бындурон рацарæзты фæстæ горæт Алупкæйы историон хай æмæ Воронцовы галуан.

Иннæ хатт конференци саразыны бар Хъырым алæвæрдта горæт Астраханæн.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here