Алы аз дæр ноябры мæй ирон адæм бæрæг кæнынц Джеоргуыба, Лæгты зæдмæ кувæн къуырийы бонтæ. Бæрæгбоны равзæрды историйы уидæгтæ незамантæм цæуынц, фæлæ нæ фыдæлтæм уыдис нымад кадджындæр бæрæгбонтæй иуыл.
2018 азы «Стыр Ныхас»-ы хъæппæрисæй, уыцы рæстæг Битарты Вячеслав нæ республикæйы Сæргълæууæг уыд, афтæмæй Указ бафыста Джеоргуыбайы райдиан фыццаг къуырисæр Цæгат Ирыстоны улæфæн боныл нымайыны тыххæй.
– Уыцы бон алы ирон хæдзар дæр Дунескæнæгмæ скувы æмæ фæкуры Уастырджийæ бирæ хорзæхтæ. Дыццæджы та кæрæдзийы æртæ чъиримæ фæхонынц сыхæгтæ. Уый тыххæй къуырисæр улæфæн бон скодтам, цæмæй алчидæр дыццæгмæ бацæттæ кæна йæ фынджы ‘вæрд, – загъта «Аланты Ныхас»-ы комитеты сæрдар Кучиты Руслан.
Афтæмæй, ацы аз 23 ноябры къуырисæры Ирыстоны уыдзæн улæфæн бон æмæ райдайдзæн Джеоргуыба.
15 регион














