«Ирӕф» мыхуыр кӕны

0
658

Рухс федта литературон -аивадон, ӕхсӕнадон-политикон журнал «Ирӕф»-ы ацы азы 4 номыр.

Прозӕ ӕмӕ дзы поэзийӕ бакӕсӕн ис ЦИПУ-йы президент, зындгонд фыссӕг ӕмӕ публицист, ахуыргонд Мӕхӕмӕтты Ахуырбеджы документалон уацау «Адӕм, уӕ фурт уӕмӕ нистайуй», ӕрыгон курдиатджын поэт Гегкиты Сосланы, Цӕгат Ирыстоны адӕмон поэттӕ Хъодзаты Ӕхсары, Ходы Камалы ӕмдзӕвгӕты циклтӕ, рауагъдад «Ир»-ы редактор, фыссӕг Будайты Милусяйы новеллӕтӕ ӕмӕ Скъиаты Ӕхсары цыбыр радзырдтӕ.

Нӕ республикӕйы ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары Фысджыты цӕдисты ӕмӕ литературон журналты ‘хсӕн хӕлар ахастдзинӕдтӕ рагӕй ис. Уыдон райдыдтой советон дугӕй. Абон Ирыстоны ӕмӕ сыхаг регионы фысджыты ‘хсӕн фидар бастдзинад кӕй ис, уымӕн ӕвдисӕн, журналы ацы номыры рухс кӕй федтой Кӕсӕг-Балхъары Фысджыты цӕдисы сӕрдар Муталип Беппаевы, адӕмон поэтессӕ Танзиля Зумакуловайы, Бати Балкизовы, Амир Макоевы, Заринӕ Кануковайы, Аскер Додуевы, Джамбулат Кошубаевы поэтикон ӕмӕ прозаикон уацмыстӕ сӕ цыбыр биографитимӕ. Сӕрмагондӕй сӕ мыхуырмӕ бацӕттӕ кодтой Скъодтаты Эльбрус, Колыты Витали ӕмӕ Хохойты Энвер.

Журнал » Ирӕф»-ы рубрикӕ «Нӕуӕг тӕлмацтӕ»-йы бынмӕ дарддӕр мыхуыргонд цӕуы Сергей Телевнойы уацау «Ӕз мӕлдзой нӕ дӕн»

Ацы аз 60 азы сӕххӕст журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг редактор, нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисы сӕрдары хӕдивӕг Скъодтаты Эльбрусыл, ӕмӕ йын ацы номыры бакӕсдзыстут йӕ радзырдтӕ.

Журнал сабиты дӕр нӕ ныууадзы ӕнӕ рӕвдыдӕй. Ацы хатт дӕр та сын сӕрмагонд рубрикӕйы бынмӕ мыхуыр кӕны Нарты кадджытӕй цымыдисаг таурӕгътӕ.

Ног номыры ма бакӕсӕн ис зындгонд ахуыргонд Кокиты Георгийы этнографион очерк Дзывгъисы лӕгӕты тыххӕй, ахуыргӕндтӕ Мӕрзойты Исламбеджы ӕмӕ Малхъарты Индирӕйы ӕрмӕджытӕ фӕсарӕнты цӕрӕг ирӕтты тыххӕй, ахуыргонд Цориты Ингӕйы уац Дзӕуджыхъӕуы истори ӕмӕ абоны царды тыххӕй, газет «Рӕстдзинад»-ы сӕрмагонд уацхӕссӕг Гасанты Валерийы ӕрмӕг Дур-Дуры Елиаты бӕрӕгбоны тыххӕй. Ӕхсызгонӕй бакӕсдзыстут, Уф-йы культурӕйы сгуыхт кусӕг, филологон наукӕты кандидат Хозиты Барис Хетӕгкаты Къостайы басня «Халон ӕмӕ рувас»-ыл цы уац ныффыста, уый. Уыдонӕй уӕлдай ма журналы ис ӕндӕр ӕрмӕджытӕ дӕр.

Анвараты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here