Хуссар Ирыстоны Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад дарддӕр ӕххӕст кӕны 2017-2019 азты “Рӕзгӕ фӕлтӕры удварнон хъомылады” паддзахадон программӕйы мадзӕлттӕ.
Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Гасситы Натали.
Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, дзыллон акцитӕй уӕлдай программӕйы фӕлгӕты сӕрмагонд цӕстдард ис курдиатджын сывӕллӕттӕн комкоммӕ ӕххуысы мадзӕлттӕм дӕр. Зӕгъӕм, фарон Мӕскуыйы музыкалон скъолатӕй иуы мастер-классты архайынмӕ арвыстой ӕвзонг чызг Плиты Аланӕйы.
«Ахӕм дӕнцӕгтӕ ис ацы аз дӕр. Афтӕ, менталон арифметикӕйӕ ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты призер — Цхинвалы 12-ӕм скъолайы ахуырдзау Джабиты Денисы тагъд рӕстӕг арвитдзыстӕм арифметикӕйӕ дунеон ерыстӕм Камбоджӕйы сӕйраг горӕт Пномпенмӕ. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, уыцы ерысты дӕр Денис ӕнтыстдзинӕдтӕ кӕй равдисдзӕн, ууыл. Дунеон сфӕлдыстадон фестивал «Гуырӕнтӕ»-мӕ та абалц кӕндзӕн гимназ «Альбион»-ы ахуырдзау Зассеты Максим. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, “Рӕзгӕ фӕлтӕры удварнон хъомылады паддзахадон программӕ у ӕнӕмӕнг хъӕугӕ” — ӕрмӕст иу сывӕллонӕн йӕ сфӕлдыстадон гӕнӕнтӕ раргом кӕнынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр программӕйы нысантӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты», — загъта министр.
Гасситы Натали куыд радзырдта, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг министрады сӕрмагонд экспертон къамис радон хатт ӕркӕсдзӕн курдиатджын сывӕллӕттӕн ӕххуысы фарстмӕ. «Ныридӕгӕн къамисмӕ ӕрбалӕвӕрдтой бирӕ алыхуызон куырдиӕттӕ спорт, ахуырад ӕмӕ иннӕ къабӕзты ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕвдисӕг сывӕллӕттӕн паддзахадон ӕххуыс райсыны фӕдыл. Уыдоны ‘хсӕнӕй къамисы уӕнгтӕ равзардзысты хуыздӕрты», — фӕнысан кодта министр.
(Информацион агентад «Рес»)














