Ӕрӕджы Хъобаны бынӕттон администрацийы арӕзт ӕрцыд наукон-ахуырадон цӕлхӕмбырд. Ныхас дзы цыд, нӕ рӕстӕджы хӕххон бынӕттӕй куыд хуыздӕр спайда кӕнӕн ис ӕмӕ «ӕхсон дӕлвӕз»-ы хуызӕн инновацион уавӕртӕ хӕхбӕсты цы мадзӕлттӕй саразӕн ис, уыдӕттыл.
Цӕлхӕмбырд аразӕг ӕмӕ амонджытӕ уыдысты профессор, техникон ӕмӕ экономикон наукӕты доктор Хуызмиаты Измаил ӕмӕ Хъобаны бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Дзуццаты Таймураз.
Цӕлхӕмбырды архайдтой ахуыргӕндтӕ, специалисттӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Цӕгат Ирыстонӕй уӕлдай ма ардӕм хуынд ӕрцыдысты ахуыргӕндтӕ Мӕхъӕлы ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары республикӕтӕй. Ӕдӕппӕтӕй цӕлхӕмбырды архайдтой 37 адӕймаджы.
Сӕйраг докладгӕнӕг уыди Хуызмиаты Измаил. Йӕ доклад «ӕрдзы сыгъдӕгдзинад у хӕххон бынӕтты райрӕзты бындур»-ы лӕмбынӕг ӕрдзырдта, куыд ӕмӕ цӕй фӕрцы ис саразӕн ахӕм уавӕртӕ, цӕмӕй адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр се ‘ргом здахын райдайой ацы ран куыстуӕттӕ ӕмӕ цӕрӕн бынӕттӕ аразынмӕ. Хуызмийы-фырт йӕ доклады фӕнысан кодта, ныртӕккӕ хӕхбӕсты цӕрджыты нымӕц бынтон кӕй ныггыццыл ис, уымӕн йӕ аххосӕгтӕ цӕимӕ баст сты, уыцы фарстытӕ. Уыдонӕй сӕйрагдӕртыл уый нымайы, абон хӕхбӕсты кусӕнуӕттӕ кӕй нал ис, иннӕмӕй та, хӕххон бынӕттӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уымӕн сӕрмагонд закъон кӕй нӕй, уыдӕттӕ. Хуызмийы-фырт, абоны домӕнтӕм гӕсгӕ раззагдӕр технологон куыстуӕттӕ хӕхбӕсты саразӕн кӕй ис, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕны.
«Ахӕм куыстуӕттӕ хӕхбӕсты куы фӕзыной, уӕд, ӕнӕмӕнг, цӕрджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ та ногӕй —Зджыды, Фыййагдоны, Буроны, Дӕргъӕвсы, Хъобаны, Мӕхческы, Мӕцутӕйы ӕмӕ нӕ иннӕ хохаг хъӕуты скъолатӕ сывӕллӕттӕй дзаг кӕнын райдайдзысты. Цӕмӕй уыцы бӕллиццаг хъуыддӕгтӕ царды рацӕуой, уымӕн та хъӕуы абон ӕвӕстиатӕй бавналын ӕмӕ лӕмбынӕгӕй бындурон куыст бакӕнын, ӕппӕт фарстытӕ дӕр наукон ӕгъдауӕй лыг кӕнын, — загъта Хуызмиаты Измаил.
Цӕлхӕмбырды архайджытӕ кӕрӕдзи ивгӕйӕ дзырдтой, хӕххон бынӕтты царды цы бирӕ фӕзилӕнтӕ ис, уыдоныл. Зындгонд архитектор, профессор Кодзырты Руслан йӕ раныхасы ӕрдзырдта, куыд хуыздӕр ӕмӕ хуызджындӕр хъуамӕ аразӕм цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ нӕ хӕххон хъӕуты фӕлгонц ӕнӕхъӕнӕй дӕр.
Уыцы фарст ма баст у, нӕ республикӕмӕ цы туристтӕ цӕудзысты, уыдонимӕ дӕр. Нӕ хӕххон хъӕутӕ ӕмӕ историон бынӕттӕн сӕ фӕлгонц хъуамӕ уа аив ӕмӕ цымыдисаг.
Ацы фарстытыл дзургӕйӕ, Хъобаны бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Дзуццаты Таймураз бафиппайдта: «ӕнӕмӕнг хъӕуты фӕлгонцыл мах дӕр архайӕм, фӕлӕ ӕппӕтыл нӕ фадат нӕу аххӕссын. Зӕгъӕм, мӕнӕ нӕ хъӕуы астӕу, уӕхӕдӕг ӕй федтат, заууатмӕ ӕрцыд дуканийы бӕстыхай. Йӕ бакаст ӕвидауц кӕны нӕ сӕйраг уынг, фӕлӕ йын мах бон ницы у. Йӕ хицӕуттӕ сты Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ. Ацы дукани раджы сарӕзтой уыдон, фӕлӕ йӕм ӕппындӕр нӕ зилынц. Ӕмӕ ахӕм уавӕртӕ арӕх вӕййы нӕ хӕххон хъӕуты.
Куыстуӕтты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд мӕ бузныг зӕгъын фӕнды Хуызмиаты Измаилӕн ӕмӕ Налдыхъуаты Эльбрусӕн. Цалдӕр азы размӕ ам сарӕзтам сӕ проектмӕ гӕсгӕ чысыл ГЭС. Уый ныр махӕн цалдӕр азы ӕнӕкъуылымпыйӕ электрон тых дӕтты ӕмӕ уымӕй стӕм ӕдыхст. Измаил ахӕм къаннӕг ГЭС-тӕ нӕ хӕххон дӕттыл саразынмӕ рагӕй сидти, ӕмӕ йӕм афойнадыл куы байхъуыстаиккой, уӕд уымӕй ӕгас Ирыстон дӕр рамбылдтаид».
Цӕлхӕмбырды сӕ хӕххон бынӕтты царды уавӕртӕ саразынӕн цӕуыл кусынц, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой Мӕхъӕлы республикӕйы минӕвар, техникон наукӕты кандидат Алисхан Дахгильгов, Кӕсӕг-Балхъары республикӕйӕ та — Рашид Рахаев.
Историон наукӕты кандидат Козаты Петр йӕ раныхасы фӕнысан кодта, нӕ хӕхбӕсты бирӕ зынаргъ историон бынӕттӕ кӕй ис, ӕмӕ уыдон бахъахъхъӕныныл бацархайын кӕй хъӕуы, уый: «Афтид Хъобан йӕхӕдӕг нӕ историйы цы фӕд ныууагъта, уый кӕуылты у! Кӕддӕр Ирыстоныл цыди «Цыллӕ фӕндаг» ӕмӕ ныры рӕстӕг дӕр мах хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй Ирыстоныл сӕ фӕндаг кӕной, дуне базонынмӕ чи фӕтырны, уыцы алы бӕстӕты туристтӕ».
Цӕлхӕмбырды ма сӕ ахсджиаг хъуыдытӕ загътой Ирыстоны ахуыргӕндтӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын специалисттӕ Хъараты Юри, Кодзырты Мурат, Есенаты Ирбег, Налдыхъуаты Эльбрус, Зӕнджиаты Заремӕ ӕмӕ иннӕтӕ.
Баскаты Уырызмӕг
Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон















