Артаджы æргътæ æмæ цалцæджы фарстатæ

0
17

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы радон æмбырды архайдтой нæ республикæйы ведомствæтæ, министрадтæ æмæ районты сæргълæуджытæ.

Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр мадзал райдыдта Цæгат Ирыстоны оперативон уавæрæй. Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитеты сæрдар Александр Хоружий бæлвырд бæрæггæнæнтæ бацамыдта ивгъуыд къуырийы куыстæн. Радзырдта, оперативон уавæрмæ æнæнхъæлæджы уавæрты Управленийы специалисттæ бæлвырд цæттæ кæй сты, уый тыххæй дæр. Уымæй уæлдай, дарддæр цæстдард цæуы Зæрæмæджы ГЭС-ы доны æмвæзадмæ дæр. Фæндæгтыл æрцыд 88 фыдбæллæхы, уыдонæй 16 адæймаджы хъыгдард баййæфтой, 2 та фæмард сты.

Аппаратон æмбырды фылдæр ныхас цыдис, нæ республикæйы артаг æвгæнæнты æргътæ иуæй-иу хицæуттæ куыд систой, уыцы уавæрыл. Сергей Меняйло æрæджы бабæрæг кодта артаг æвгæнæнтæ «Газпром», «Лукойл» æмæ «Роснефть». Алы ран дæр дзы артаджы æргътæ уæлæмæ нæ систой, фæлæ, нæ республикæйы иннæ ахæм объектты сæрмагонд бæрæггæнæн анализы фæстæ куыд сбæрæг, афтæмæй артаджы аргъ сбæрзонд кодтой.

– Цæгат Ирыстоны 25 артаг æвгæнæны ис артаджы æппæт хуызтæ дæр. 30 ахæм объекты рæстæгмæ æхгæд æрцыдысты, 40-ы та ис æрмæстдæр артаджы дыууæ хуызы. Ахæм уавæр сæвзæрд Хъырым æмæ Севастополы. Уыдон бафæзмыдтой мах дæр, æмæ иуæй-иу хицæуттæн æфсон фæци сæ артаджы аргъ уæлæмæ сисын. Нæ уыдзæн уымæн гæнæн. Æнæнхъæлæджы уавæртæй чи пайда кæны, йæхи ‘рдæм ассивыныл, уымæн уыцы бар лæвæрд нæ уыдзæн. Нæй ницавæр æфсон нæ бæстæйы, цæмæй артаджы аргъ сисой. Æппæт ахæм къуырцдзæвæнтæ иууылдæр рæстæгмæйы хъуыддæгтæ сты, æмæ, ацы уавæрæн бамбарæн дæр ис. Æдзух тæссаг информацитæ хъуысы, æмæ æфсæнвæндæгтыл вагæттæ бафæстиат вæййынц. Фæлæ ацы хъуыддæгтæ иууылдæр рæстæгмæйы цæлхдуртæ сты, æмæ лыггонд æрцæудзысты, – загъта Сергей Меняйло.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг РЦИ-Аланийы артаг æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрæн бахæс кодта артаг æвгæнæнты хицæутты æрбамбырд кæнын æмæ сæ бафæрсын, цæй аххосæй систой æргътæ уæлæмæ, уымæй, æмæ сын бæлвырд бамбарын кæнын, Цæгат Ирыстоны артаджы аргъ сисынæн сын барлæвæрд кæй нæ уыдзæн, уый.

Æмбырды архайджытæ ныхас кодтой цалцæджы куыстытыл дæр. Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрвылаз дæр тæрккъæвдаты Дзæуджыхъæуы Марковы уынг се ‘ппæтæй тынгдæр хъыгдард кæй баййафы æмæ афон кæй у ацы хъуыддаг алыг кæнынæн. Республикæйы разамонæг æмбæлгæ ведомствæйæн бафæдзæхста фарстамæ лæмбынæгдæр æркæсын æмæ Марковы уынг бындурон цалцæг скæнын. Баивын зæххы бын дондзæуæн хæтæлтæ ноджы егъаудæртæй æмæ, афтæмæй «ливневкæты» системæ рацаразын. Аппаратон æмбырды архайджытæ æркастысты Ирон театры бындурон цалцæджы проект, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ ног ахуыры азмæ бацæттæ кæныны фарстатæм дæр.

Сергей Меняйло æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагъта, Дзæуджыхъæуы микрорайон Хольцманы цæрджыты курдиат дæр.

– Адæм хъаст кæнынц, раздæр Хъахъхъæнынады министрады исбон чи уыд, уыцы зæххытæ чидæр кæй балхæдта æмæ дзы цавæрдæр арæзтад кæй райдыдта, уый тыххæй. Хольцманы ницавæр арæзтад уыдзæн. Æз фæдзæхсын нæ республикæйы Исбонады министрадæн сбæлвырд кæнын, куыд æмæ цы амалæй бахауд æфсæддон хайы фæз кæйдæр къухтæм. Сбæрæг кæнын, чи у йæ хицау ныр, æмæ закъоны бындурыл равзарын фарста. Поселок Хольцманы зæххытыл цæуы дамбæ æмæ къанау. Нæй ацы ран арæзтæдтæ кæнæн, æмæ кæд уыцы адæймаг не ‘мбары, уæд ыл Прокуратурæмæ хъасты фыстæг фыссын хъæуы, – загъта Сергей Меняйло.

Мадзалы ныхас кодтой, районты сæвзæрæг лыггæнинаг фарстыты фæдыл нæ республикæйы Сæргълæууæгмæ цы хъæстытæ цæуы, уыдонмæ æркæсын æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ банывыл кæныны хъуыддæгтыл дæр.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here