Байгом «Бизнесы центр»

0
499

«Чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомадӕн ӕххуысы» национ проекты фӕлгӕты знон Дзӕуджыхъӕуы байгом «Бизнесы центр». Ам баиу сты райдайгӕ амалхъомтӕн ӕххуысы ӕппӕт гӕнӕнтӕ. Центры филиалтӕ фӕзындзысты республикӕйы ӕппӕт районты дӕр.

Ӕрыгон кӕнӕ райдайгӕ амалхъомтӕн сӕ бон у ардӕм ӕрбацӕуын ӕрмӕст ӕвдисӕндаримӕ, ӕндӕр сӕ ницавӕр документ хъӕуы, ӕмӕ фондз боны ӕмгъуыдмӕ адӕймаг суыдзӕн хицӕн амалхъом. Ацы ран кусӕг специалисттӕ сын баххуыс кӕндзысты бизнес пълан саразынӕн ӕмӕ, «МСП банчы» ӕфстау райсгӕйӕ, бизнесы куыст райдайынӕн. Банк кредит дӕтты зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕууӕлты — афӕдзмӕ 6,5 проценты бӕрцӕй. Стӕй канд «МСП банк» нӕ, фӕлӕ ахӕм кредиттӕ дӕттын райдыдтой «Россельхозбанк» ӕмӕ «Сбербанк» дӕр.

Центр гом кӕныны бон уым ӕрбамбырд сты республикӕйы амалхъомгӕнӕг адӕймӕгтӕ. Центры куыстимӕ базонгӕ уӕвыны нысанимӕ ӕмӕ йӕ коллективӕн арфӕ ракӕныны тыххӕй ардӕм ӕрбацыд республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

— Ацы бон ам ӕрӕмбырд сты, республикӕйы социалон-экономикон размӕцыдмӕ аккаг бавӕрӕн чи хӕссы ӕмӕ йӕ амалхъом куыстӕй адӕмӕн цӕстуарзон хай чи кӕны, ахӕм бизнесментӕ. Сӕ куысты фӕрцы республикӕйы бюджет кӕны ӕххӕстдӕр, адӕмӕн фӕзыны куысты бынӕттӕ. Зӕгъӕм, фӕстаг цыппар азмӕ амалхъомты архайды фӕрцы республикӕйы бюджетыл бафтыд 60 процентӕй фылдӕр. Амалхъом куыст райдайынӕн раздӕр, 90-ӕм азты цы гӕнӕнтӕ уыд ӕмӕ ныр цы гӕнӕнтӕ ис, уыдон кӕрӕдзийӕ сты тынг дард. Ныртӕккӕ йӕхи бизнес байгом кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн паддзахад аразы  алыхуызон гӕнӕнтӕ ӕмӕ фадӕттӕ. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ амалхъом куыст чи кӕны, кӕнӕ йӕ райдайынмӕ чи хъавы ӕмӕ уымӕй республикӕйӕн, йӕ цӕрджытӕн ӕххуыс чи кӕндзӕн, уыцы адӕймагӕн ӕз мӕхӕдӕг балӕудзынӕн йӕ фарсмӕ, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикӕйы социалон-экономикон царды бирӕ азты дӕргъы разӕнгардӕй чи архайдта ӕмӕ йӕ бизнесӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн радӕу хай чи кодта, уыцы амалхъомтӕн Битарты Вячеслав радта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотӕтӕ ӕмӕ Арфӕйы фыстӕджытӕ.

ӔГАЙТЫ Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here