Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта Æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ зынгсирвæзтæй æдасдзинадæн фадæттæ саразыны фæдыл республикон къамисы æмбырд.
Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой зымæгон афон Арвыкомы æмæ Ручъы æфцæджы фæндæгты æнæлаз куысты фарстатыл (ацы транспортон объекттæн зæйтæ æмæ лæсæнты рацыдæй тæссаг кæй у, уый нымайгæйæ). Фæндæгтыл æдасæй цæуыны фадат цæмæй уа, уый тыххæй профилон ведомствæтæн бахæс кодтой цауд боныхъæды заман транспортон объекттæм рагацау радхæссæг дæлхайæдтæ барвитын.
– Зымæгон афон Арвыкомы æмæ Ручъы æфцæджы фæндæгты æдасдзинад нымад у уæлдай ахсджиагдæр фарстайыл. Ацы фæндæгтæн митзæйтæй æмæ лæсæнтæй тæссаг кæй у, уый нымайгæйæ, нæ сæйраг хæс у æнæнхъæлæджы уавæртæй адæмы бахизын æмæ æнæкъуылымпыйæ архайын. Профилон ведомствæтæ сæ куысты хæстæ хъуамæ биноныг хатой, – загъта республикæйы разамонæг.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой цæгатирыстойнæгтæн хабæрттæ хъусынгæнæг системæты цæттæдзинад рабæрæг кæныны хъуыддаджы бæрæггæнæнтыл дæр. Граждайнаг хъахъхъæнынады мадзæлттæн фадæттæ аразыны центры хицау Æдцеты Всеволод кæй бавдыста, уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амынд системæтæ кусынц æнæлазæй.
Æнæнхъæлæджы уавæрты сæвзæрды заман адæмæн хабæрттæ афоныл хъусын кæныны фадат кæй фæрцы уыдзæн, Сергей Меняйло бафæдзæхста, уыцы амынд системæтæ дарддæр нывыл кæнын. Профилон ведомствæтæ æмæ муниципалитеттæн кæй бавдыстой, уыцы бæлвырд хæслæвæрдтæ афоныл æххæстгонд кæд æрцæуой, уæд, уæвæн кæмæн ис, ахæм æнæнхъæлæджы уавæрты сæвзæрды заман республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты æдасдзинадæн фадæттæ саразæн уыдзæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














