Зыдгонд нывгæнæджы царды æмæ сфæлдыстады фæндæгтæ

0
20

Тугъанты Махарбеджы номыл Аивæдты музейы знон кадджын уавæры байгом ирон профессионалон нывкæнынады бындурæвæрæджы 145 азы кадæн егъау равдыст «Махарбек Туганов: сады его жизни».

Бæрæгбоны кадджын уазджытæ уыдысты нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ фыццаг хæдивæг Тхостаты Мурат, депутаттæ, наукон æмæ сфæлдыстадон  интеллигенцийы минæвæрттæ.

Йæ арфæйы ныхасы Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй нывкæнынады дæсныйæн йæ цард æмæ йе сфæлдыстад æнгом баст сты йæ райгуырæн зæххы историимæ æмæ, цы бынтæ нын ныууагъта, уыдон ног фæлтæртæн систы сыгъдæг удварны фидар бындур.

– Алы нацимæ дæр ис, сæ нæмттæй се ‘мзæххонтæ сомы кæмæй кæнынц, ахæм зындгонд адæймæгтæ. Уыдонæн сæ хъысмæт хуымæтæг никуы вæййы, царды алы фæзилæнмæ дæр сын сæхи цæстæнгас ис. Царды зын фæндæгтыл рацыд Тугъанты Махарбег дæр. Фæнд кодта Бетъырбухы хæххон институтмæ бацæуын, фæлæ, æппынфæстаг, ссис  Нывкæнынады императоры академийы ахырдзау. Ахуыр та кодта Илья Репины æрмадзы, уыд зонгæ уыцы рæстæджы зындгонддæр нывгæнджытимæ. Йæ курдиат кæрæй-кæронмæ Тугъанты Махарбег снывонд кодта йе ‘мтуг, йе ‘мзæххон адæмæн. Йæ нывтæм кæсгæйæ, адæймаг æнкъары Ирыстоны комулæфт, нæ культурæйы рæсугъддзинад, – загъта Парламенты Сæрдар.

Уымæй уæлдай, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, Тугъаны-фырт кæй уыд Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгаты нывкæнынады скъолайы бындурæвæрæг. Нарты кадджытæм нывгæнæг акаст аивадон цæстæнгасæй æмæ сфæлдыстадон æвзагæй базыдта канд хъайтарты сурæттæ нæ, фæлæ адæмон философийы арф хъуыды раргом кæнын дæр.

Махарбегæн йæ хъысмæт рауад æнахуыр æмæ диссаг. Уымæн бантыст уырыссаг реализмы скъола Ирыстоны адæмон культурæимæ баиу кæнын. Бетъырбухы Илья Репины æрмадзы сахуыр кæныны фæстæ Тугъаны-фырт æрыздæхт Кавказмæ нывкæнынады скъола йæ райгуырæн бæстæйы рапарахат кæныны нысанимæ, æмæ 1907 азы Дзæуджыхъæуы байгом кодта нывкæнынады фыццаг студи, цалдæр азы фæстæ та бындур сæвæрдта Цхинвалы аивадон училищæйæн дæр.

Йæ курдиат æмæ цымыдисдзинад мольберты арæнтæй ахызтысты æмæ ацыдысты дарддæр: фыста дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстад, зонгæ кодта хæххон адæмы цардимæ, кодта нывтæ спектакльтæм, ныффыста æмæ йæ фæстæ ныууагъта аивады фæдыл дзæвгар фæллæйттæ æмæ ссис ирон национ хæзнатæ хъахъхъæнæг æмæ афтæмæй баззад адæмы зæрдæйы.

Аивæдты музейы директор Тебиаты Галинæ йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй равдыст цæттæгæнджытæ фыццаг хатт æрæмбырд кодтой нывгæнæджы уыйбæрц фæллæйттæ уыцы-иу ран æмæ дзы баиу кодтой, уымæй размæ-иу цалдæр равдысты кæмæй арæзтой, ахæм, стæй, хицæн адæймæгты къухты чи ис, уыцы нывтæ дæр. Равдыстмæ чи æрбацæуа, уыдон фыццаг хатт фендзысты нывгæнæгæн йæ къухфыстытæ, архивы чи уыд, уыцы эскизтæ æмæ нывтæ. Музейæн сæ радта Махарбегæн йæ фырт Тугъанты Энвер, стæй ма дзы фенæн уыдзæн, стæм хатт йеддæмæ кæй равæрынц, нывгæнæджы уыцы куыст «Чындз» («Невеста»). Абон ацы ныв ис хицæн адæймаджы коллекцийы.

Æнæзæгъгæ нæй, ныртæккæ музей кæй кусы, Махарбег кæм райгуырд, Тугъанты бинонты уыцы хæдзар Дур-Дуры сног кæныныл дæр.

Равдыст кусдзæн 2027 азы 28 февралмæ, æмæ уæдмæ республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ бон у йæ бабæрæг кæнын.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here